Диготæ (уырыс. Дигоевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд ивын

Адон æрвадæлтæ сты. Таурæгъмæ гæсгæ, дам, Диго æмæ Цæлкос Дыгургоммæ æрбафтыдысты Асыйы хъæутæй кæцыйæдæр. Сæ мыггаг уым уыд Сулцадитæй. Æрцардысты Къаматы, æрхастой устытæ, фæзынд сын цæуæт. Сæ нæмттæм гæсгæ скодтой мыггæгтæ дæр æмæ Къаматыхъæуы фæзынди нæуæг мыггæгтæ — Диготæ æмæ Цæлкостæ.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — Ф. 63.