Донайы хæст[1] (уырыс. Русско-турецкая война) уыди 18771878 азты хæст Уæрæсе æмæ Турчы ’хсæн. Хæсты Уæрæсейы цæдисонтæ уыдысты балкайнаг паддзахæдтæ: Румыни, Серби æмæ Черногори. Болгарийы историографийы ацы хæст хонынц Сæрибаргæнæн хæст, уый тыххæй æмæ йæ руаджы бæстæ ногæй рацæрæзтæуыд куыд Болгарийы æртыккаг паддзахад (болг. Трета българска държава), болгайраг адæм кæм цардысты, уыцы зæххытæй иу хай Османты империйы дæлбарæй ацыдис.

Донайы хæст

1878-æм азы уырыссаг æфсæддонтæ уыдысты Константинополæй 20 км æдде, ныртæккæйы Стамбулы амаддзæгтæ кæм лæууынц, уыцы ран (Сан-Стефано, ныры Йешилкёй). Цæмæй уырыс Константинополмæ ма бырсой, Стыр Британи Мармæр денджызмæ рарвыстой сæ хæстон наутæ. 3 мартъийы хæст фæци Сан-Стефанойы бадзырд бафыссынæй.

Хæсты заман Уæрæсейы æфсæддонты 15 минæй фылдæр фæмардысты. Уыдон ном мысынц, Болгарийы алы къуымы дæр кæй ссарæн и, уыцы цыртдзæвæнтæ (номхыгъд уырыссагау).

Фиппаинæгтæ ивын

  1. История села Кадгарон / К. А. Хаутов. — Владикавказ : ИПП им. В.А. Гассиева, 2012. — 356 с.