Доны Советон Республикæ
Доны Советон Республикæ (уырыс. Донская Советская Республика, ДСР) уыд мидхæсты рæстæджы территориалон иуæг УСФСР-йы сконды, йæ сæйраг сахар Ростов-Доныл, йæ архайд 1918-æм азы 23 мартъийæ 4 майы онг уыдис. Доны æфсады облæсты æнæхъæн территори республикæйы дæлбар никуы уыдис, апрелы онг хуындис Доны Республикæ.
Историон паддзахад | |
Доны Советон Республикæ | |
---|---|
Донская советская республика | |
|
|
1918-æм азы 23 мартъийы — 1918-æм азы 30 сентябры
|
|
Сæйраг сахар | Ростов-Доныл |
Советон хицауад Ростовы ныффидар 1918-æм азы 25 февралы, инæлар Каледины æфсæддонтæ куы ацыдысты, уæд. 23 мартъийы Доны облæсты Хæстон-революцион комитет йæ уынаффæйæ расидтис «хæдбар Доны советон республикæ, кæцы æмтуг цæдисы и Уæрæсейы советон республикæимæ»[1]. Уый йеддæмæ Хæстон-революцион комитет йæ уæнгтæ сарæзта Адæмон комиссарты совет:
- Советы сæрдæр æмæ хæстон хъуыддæгты фæдыл комиссар — Ф. Г. Подтёлков, (хæстон комиссар фæстæдæр уыд Е. А. Трифонов)
- разамнды фæдыл комиссар — М. В. Кривошлыков,
- контрреволюцийы ныхмæ тохы фæдыл комиссар — А. Шамов,
- адæмон хæдзарады фæдыл комиссар — С. И. Сырцов,
- фæллойы комиссар — И. П. Бабкин,
- адæмон ахуырады комиссар — И. А. Дорошев,
- зæхкуысты комиссар — Власов,
- финансон хъуыддæгты фæдыл комиссар — Е. А. Болотин,
- фæндæгты комиссар — П. Е. Безруких,
- пост æмæ телеграфы комиссар — Александров,
- хæрзаудæны комиссар — П. П. Жук,
- хъуыддæгты æххæстгæнæг — Я. Орлов.
Республикæн йæ сæргълæуугæй развæрстой хъазахъхъаг большевик В. С. Казаковы, йæ бынат хуындис Доны Республикæйы Советты Централон Æххæстгæнæг Комитеты Сæрдар.
1918-æм азы 16 апрелы (н. с.) ЦÆК-ы цур сарæзтæуыд хъахъхъæнынады сæрмагонд штаб, йæ сæргъы мæскуыйаг комиссар Серго Орджоникидзе, ацы штаб уайтагъд сахары расидтис хæстон уавæр. Ростовы сæрмагонд комендант сси Васильченко[2]. 23 апрелы Ростов-Доныл æмæ йæ цуры Нахичевань расидтысты фæллойы коммунæ, Петрограды хуызæн. ДСР йæ фæзуаты фылдæр хай йæ дæлбар нæ уыд.
Майы райдиан Совнаркомы сæрдар Подтёлков йæ фæрслæуджыты къордимæ ацыдис ДСР-йы цæгатмæ, йæ ныфс хаста уымы хъазахъхъимæ балымæн уын. Фæлæ хъазахъхъæгтæ йæ бал бауырæдтой, 11 майы Подтёлковы стæрхон кодтой æмæ йæ арцауыгътой. Цалдæр мæйы фæстæ ДСР-йы æппæт фæзуат дæр сырхгвардионтæй асыгъдæг кодтой (регионы ныгуылæн хай — немыцаг æфсады æххуысæй).
1918-æм азы 5 майы Доны республикæйы сæйраг сахар — Ростов-Доныл — 52-æм Вюртембергаг резервон бригадæйы бар баци, Сырх æфсады къамандыгæнджытæ ацыдысты Царицынмæ, æрмæстдæр Батайсчы баззадысты сæдæгай сырхгвардионтæ, уыдон тох кодтой июлы онг.
Литературæ
ивын- Голуб П. А. Правда и ложь о «расказачивании» казаков. — М., 2009. — 144 с.
- Лазарев В. А. История донской валюты, или Денежные знаки Всевеликого войска Донского. Донской архив (историко-генеалогический альманах). Выпуск 3. Ростовская областная организация Российского общества историков-архивистов. — Ростов-на-Дону, 2008. — 300 с.
- Венков А. В. Атаман Краснов и Донская армия.1918 год.- М., 2008—480 с.
- Лазарев С. Е. Донская советская республика // Россия в Гражданской войне. 1918—1922: Энциклопедия: в 3 т. / отв. ред. А. К. Сорокин. Т. 1: А—З. М.: Политическая энциклопедия, 2020. С. 706—708.
- Сергеев В.Н. Донская Республика (1917-1918). Ростов-на-Дону: Изд. РГУ, 2005.