Орджоникидзе, Серго

Орджоникидзе Константины фырт Григол (Серго) (гуырдзиагау სერგო ორჯონიკიძე; 18861937) уыд зындгонд революционер. Уæзданы фырт, уый бацыд большевикты партимæ 1903-æм азы. Кировы хæстæг лымæн уыд.

Григорий Константинович Орджоникидзе
гуырдз. გრიგოლ კონსტანტინეს ძე ორჯონიკიძე
Орджоникидзейы амарды хабар. Журнал «Мах дуг», 1937/1.
Орджоникидзейы амарды хабар. Журнал «Мах дуг», 1937/1.
Райгуырдис 12 (24) октябры 1886[1]
Амардис 1937-æм азы 18 февралы(1937-02-18)[2][3][…] (50 азы)
Ныгæныны бынат
Парти
Професси фельдшер
Хорзæхтæ
Ленины орден Сырх Тырысайы орден Фæллойадон Сырх Тырысайы орден
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

1907 азы, Бакуйы ахæстоны бандитизмы тыххæй зылынгондæй бадгæ, Орджоникидзе базонгæ и Кобаимæ (Сталины уæды фæсномыг)[4].

Мидхæсты рæстæг Орджоникидзе бирæ бацархайдта советон хицауад Цæгат Кавказ æмæ Фæскавказы сфидар кæныныл. Уый уыд советон политиктæй, æнæхъæн адæмттæ æндæр ранмæ чи фæлидзын кодта, фыццаг ахæм лæг, — 1918-æм азы йæ хъæппæрисæй Сунжæйы хъазахъхъ депортацигонд æрцыдысты, сæ зæхх та радтой мæхъхъæлон адæмæн.

Фæскавказы Советон Федеративон Социалистон Республикæйы арæзтадыл куыста.

1926-æм азы уыдис большевистты партийы Цæгат Кавказы крайкомы сæйраг секретарь (уыцы бынтаы уый аивта Анастас Микояны).

1937-æм азы Орджоникидзе сфæнд кодта Сталины критикæ кæнын. Фæлæ йæ критикон ныхас нæма цæттæ уыд, афтæмæй Серго ссардæуыд мардæй. Хицæуад фехъуысын кодта, Серго Орджоникидзе йæхи амардта[5], зæгъгæ, фæлæ йæ амарды æцæг аххос ничи зоны. Йæ амарды бонмæ Серго Орджоникидзе уыдис уæззау индустрийы адæмон комиссар.

1937—1938 азты йæ хæстæджытæ дæр репрессигонд æрцыдысты, уыдонимæ йæ хистæр æфсымæр, партимæ йын рекомендаци чи радта.

Орджоникидзейы ном дардтой Советон Цæдисы бирæ цæрæнрæттæн, уыдоны ’хсæн Дзæуджыхъæу дæр. Нырыккон Уæрæсейы стырдæр хъæу — Мæхъхъæлы Республикæйы станицæ Орджоникидзевская — ныр дæр хæссы революционеры ном.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Историческая энциклопедия Сибири (уырыс.) / под ред. В. А. ЛаминНовосибирск: 2009. — ISBN 5-8402-0230-4
  2. 2,0 2,1 Орджоникидзе Григорий Константинович // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
  3. Grigory Konstantinovich Ordzhonikidze // Encyclopædia Britannica (англ.)
  4. ПАМЯТИ ТОВАРИЩА ОРДЖОНИКИДЗЕ // Известия, 19 февраля 1937 г.(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 14 январы. Архив 2008-æм азы 29 октябры.
  5. Фыццаг хъусынгæнинæгты фыстой «зæрдæйы параличæй æвиппайды амардис» («Мах дуг», 1937/1).