Петро́с Абраами́ Дуря́н (сом. Պետրոս Աբրահամի Դուրեան, æцæг мыггаг уыдис Змбая́н (сом. Զըմպայեան); райгуырд 1851-æм азы 20 майы — амард 1872-æм азы 21 январы) — зынгонд сомихаг поэт.

Петрос Дурян
ныг.-сом. Պետրոս Դուրեան
Гуырæн ном ныг.-сом. Պետրոս Զըմպայեան
Райгуырды датæ 20 майы (1 июны) 1851[1][2]
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 21 январы (2 февралы) 1872[1][2] (20 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт, драматург, актёр, тæлмацгæнæг, театралон актёр, драматург-режиссёр, фыссæг
Уацмысты æвзаг ныгуылæн сомихаг æвзаг[d]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цардафыст ивын

Петрос Дуря райгуырдис 1851-æм азы Константинополы Скютары районы мæгуыр куырды бинонты. Æхсæз азæй бацыд Сюктары училищемæ, уый фæци 1867-æм азы. Æхсæрдæс аз ыл куы сæххæст, уæд бафæлвæрдта йæхицæн исты куыст ссарын, цæмæй йæ мæгуыр бинонтæн баххуыс кæна. Фыццагæй Петрос уыд афтекгæсы аххуысгæнæг, уый фæстæ куыста секретарæй æмæ стæй та хæдзарон ахуыргæнæгæй. Фæлæ уыдон Петросы бæллиццаг хъуыддæгтæ нæ уыдысты. Уый фæндыд цæмæй суа поэт æмæ куса æрмæст поэзийы охыл, бæллыди æмдзæвгæтæ фыссынмæ ’мæ номдзыд поэт суæвынмæ. Училищийы куы ахуыр кодта, уæд дæр литературæ йæ зæрдæмæ тынг цыд æмæ йæхицæн снысан кодта йæ царды кæронмæ ’мдзæвгæтæ кæй фысдзæн, уый. Йæ бæллиццы сæххæст æввахс кодта, йæ цард театримæ куы сбаста. Фæлæ ам йæхи иунæг хатыд. Æниу театрæй йæ зæрдæ рухс кодта Дурянæн. Уый фыста йæ пьесæтæ æмæ-иу кæддæрты сценамæ дæр рахызт.

1871-æм азы поэтæн фæзындысты рæуджыты низы фыццаг бæрæггæнæнтæ. Фыццагæй сæм йæ хъус нæ бадардта æмæ дарддæр фыста йæ уацмыстæ, фæлæ йæ тарниз æппынфæстаг басаста. Йæ царды фæстаг аз арвыста хуыссæнтæй æнæ стгæйæ. Æхсæвы 21 январы 1872-æм года азы поэт амард.

 
Петрос Дуряны ингæн Ереваны пантеоны

Фиппаинæгтæ ивын