Османты, Османы кæнæ Оттоманты импери (осмайнаг туркаг æвзагыл دولتْ علیّه عثمانیّه Devlet-i Âliye-yi Osmâniyye, нырыккон туркаг æвзагыл: Osmanlı İmparatorluğu) уыд осмайнаг султанты паддзахад 1299-æм азæй 1923-æм азы онг. Йæ тæмæны (XVI-XVII æнусты) империйы сконды уыдысты Анатоли, Хæстæг Скæсæн, Цæгат Африкæ, Балканы æрдæгсакъадах æмæ ма цалдæр æндæр регионы.

Осмайнаг империйы герб
Осмайнаг империйы тырыса
Осмайнаг империйы географи (1683)

Империйы сæйраг сахар уыд Константинополь, фæстæдæр зындгонд куыд Стамбул.

Фыццаг Дунеон хæсты фæстæ импери фехæлди. Йæ раздæр зæххытæ байстой Франц æмæ Стыр Британи.

1923-æм азы 29 октябры расидтæуыд Турчы Республикæ, йæ фыццаг президент сси хæстон хъæбатыр Мустафа Кемаль, фæстæдæр йæ мыггагæн Ататюрк (туркæгты фыд) чи райста, уый. Йæ фынддæс азыйы президентады дæргъы Ататюрчы къухы бафтыд осмайнаг паддзахады хæлддзæгты ног туркаг паддзахад рацаразын, ныры онг дæр уымæн стыр цыт кæнынц Турчы.

Литературæ

ивын
  • Еремеев Д. Е., Мейер М. С. История Турции в средние века и новое время. М.: Изд-во МГУ, 1992.
  • Петросян Ю. А., Османская империя. М., 1990.