Дыккаг дунеон хæст

Дыккаг дунеон хæст (19391945) уыд адæймагады историйы стырдæр хæст. Уыцы хæст схуыдтой «дунеон» уый тыххæй æмæ йæ дæргъы тох кодтой алы континенты бæстæтæ дæр, хæсты фæмардис 50—70 милуан адæймаджы.

Дыккаг дунеон хæсты цаутæ (галиу уæлдæр нывæй сахаты фатæгмæ гæсгæ): цæдисонтæ рахизынц Нормандийы (Бон Д); Сырх Æфсады салдаттæ сæвардтой Уæлахизы Тырыса Рейхстаджы сæр; концентрацион лагерь Освенцимы кулдуар; Сталинград тохы фæстæ; атомон срæмыгъд Нагасакийы (1945); нацистты марш Нюрнберджы (1936).

Хæст райдыдта 1939-æм азы 1 сентябры, Герман Польшæмæ куы балæбурдта, уæд. Уыцы боны агъоммæ дæр æрцыдис ахсджиаг цаутæ: Аншлюс æмæ Чехийы оккупаци.

Советон историографийы Дыккаг дунеон хæсты хай, Герман йæ цæдисонтимæ Советон Цæдисы ныхмæ куы балæбурдтой, рахуыдтой Фыдыбæстæйы Стыр хæст.

Кæс ивын