Дыккаг дунеон хæст
Дыккаг дунеон хæст (1939—1945) уыд адæймагады историйы стырдæр хæст. Уыцы хæст схуыдтой «дунеон» уый тыххæй æмæ йæ дæргъы тох кодтой алы континенты бæстæтæ дæр, хæсты фæмардис 50—70 милуан адæймаджы.
Хæст райдыдта 1939-æм азы 1 сентябры, Герман Польшæмæ куы балæбурдта, уæд. Уыцы боны агъоммæ дæр æрцыдис ахсджиаг цаутæ: Аншлюс æмæ Чехийы оккупаци.
Советон историографийы Дыккаг дунеон хæсты хай, Герман йæ цæдисонтимæ Советон Цæдисы ныхмæ куы балæбурдтой, рахуыдтой Фыдыбæстæйы Стыр хæст.