Едзитæ[1] (уырыс. Едзиевы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд

ивын

Едзитæ Дæргъæвсы цардысты, Хабæтæй уыдысты. Уым лæг амардтой. Лæг чи амардта, уый Едзи хуынд. Уым ын цæрæн бæстæ нал уыди æмæ Уæлладжырмæ ралыгъди йе 'фсымæр Дулаимæ. Дула Куырттаты комы Лæцы цæргæ баззади. Едзи та Уæлладжырмæ ацыд. Уым Ходы æрæнцадис æмæ Хъайтыхъты чызджы ракуырдта. Дыууæ лæппу йын райгуырд: Хан æмæ Хуындæджер. Дыууæйы дæр ын арс амардта. Уæд ма Едзийæн æрæджиау иу лæппу райгуырд, Семмырз, зæгъгæ. Семмырзæн рацыд фырттæ: Темырыхъо, Бæдзыхъо, Без, Нæкол.[2]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005
  2. Едзиты Хæмæты фырт Пацайы ныхæстæй таурæгъ ныффыста Цагъаты А., Ходы, 1965. Æвæрд ис ЦИГСИИ-ы архивы, оп. 1, п. 144, д. 378.

Литературæ

ивын
  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 91–92.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 73.
  • Едзиты А. Едзиты мыггаджы равзæрд // Уæллаг Ходы таурæгътæ. — Мæскуы: СЕМ, 2016. — С. 21–23.