Елетæ (уырыс. Елеевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд

ивын

Елетæ æмæ Æршиты мыггæгты хистæртæ сæхи нымайынц хæстæг æрвадæлтыл. Æрши æмæ, дам, Еле æфсымæртæ уыдысты, иу мад иу фыдæй райгуыргæ. Уыд ма сын иу æфсымæр. Йæ ном — Мæрза. Æфсымæртæ Дыгургоммæ æрбафтыдысты Асыйæ æмæ æрцардысты Лезгоры сæр Урсхохы иу лæгæты. Мæрза, дам, тагъд рæстæгмæ Лезгорæй фæлыгъд Кæсæгмæ Азнаурыхъæумæ æмæ йæ ном мыггаг сси — Мæрзатæ. Уым сбирæ сты. Æрши æмæ Еле та баззадысты цæргæйæ Лезгоры. Ам устытæ ракуырдтой, фæзындис сын цæуæт, уый фæстæ æфсымæртæ байуæрстой æмæ хицæнæй æрцардысты. Сæ нæмттæй скодтой мыггæгтæ. Афтæмæй Лезгоры фæзынди мыггæгтæ Æршитæ æмæ Елетæ.[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.