Елойтæ[1] (уырыс. Елоевы, гуырдз. ელოშვილი[1]) сты ирон мыггаг.

Елойтæ
Рагон мыггаг Цæразонтæ
Бындурæвæрæг Ело[1]
Æрвадæлтæ Быгъуылтæ, Макотæ

Равзæрд

ивын

Елойты æмæ Дæготы фыдæлтæ Ело æмæ Дæго уыдысты æфсымæртæ. Цардысты Уæлладжыры комы, Æрхоны. Ос-Бæгъатыры фырт Кусæгонæн уыд фырт Мизур, Мизуры фырт — Дзау. Дзауæн уыд дыууæ фырты: Сахан æмæ Барихъо. Барихъойы фырттæ уыдысты Ело, Бугъул æмæ Мако. Ацы æртæ æфсымæрæй Уæлладжыры комы равзæрдысты мыггæгтæ: Елойтæ, Быгъуылтæ æмæ Макотæ.

Фæстаг рæстæджы Елойтæ цардысты Уæллаг Уыналы æмæ, дам, иуахæмы Елойтæй дыууæ æфсымæры рацыди хуыздæр цардагур Дыгургоммæ æмæ æрцардысты Гуылæры. Уым æрхастой устытæ, байуæрстой æмæ хистæр æфсымæр йæ мыггаг Елойтæй ныууагъта, кæстæр æфсымæр Дæго йæ мыггаг йæхи номыл — Дæгойтæй — скодта. Афтæмæй Гулæры хъæуы фæзындысты Елойты æмæ Дæгойты мыггæгтæ. Уым цæргæйæ сбирæ сты æмæ сæ иутæ алыгъдысты быдыры хъæутæм. Елойы цæуæтæй иутæ алыгъдысты Цыколамæ, сæхи хуыдтой Елойты мыггагæй, фæлæ сæ сæ сых æмæ Цыколайы хъæуккæгтæ хуыдтой Гулæртæ, Гуылæры хъæуæй рацæугæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ. Афтæмæй сыл Гулæрты мыггаг ныффидар ис. Уæдæй фæстæмæ Цыколайы цæрæг Елойтæ фыссынц Гулæртæй. Фæлæ сæ хæстæгдзинад Елойтæ Дæготимæ нæ рох кæнынц. Елойтæн ма хæстæг æрвадæлтыл нымад цæуы Гуылæры хъæуккаг Сабеты мыггаг дæр. Сабетæн сæ фыдæл Сабе уыд Елойтæй, уыдонæй куы рахицæн, уæд йæ мыггаг йæхи номыл скодта Сабетæй. Ацы мыггæгтæй бирæтæ Гулæрæй фæлыгъдысты быдыры хъæутæм.[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,0 1,1 1,2 1,3 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.