Зæдтæ æмæ дауджытæ
Зæдтæ æмæ дауджытæ — æппæты кæстæр уæларвон тыхтæ ирон мифологийы.
Нарты кадджытæ зæдты æмæ дауджыты æвдисынц зæххон цæрджыты хуызы. Нартмæ кæсынц знаджы цæстæй æмæ ’се хсæн цæуы æнæбанцайгæ тох. Сæ адзал ссарынц нарты адæмæй бирæты къухæй, уæлдай цагъд та сын кæны нарты Батырадз. Зæдтæ æмæ дауджытæ Батырадзы мæлæты, стæй та нартæн се ’гасы сæфты дæр чысыл аххосджын нæ уыдысты.