Ирон мифологи
Ирон мифологийы равзæрды архайдтой скиф — сæрмæт — алайнаг æмæ бынæттон кавказаг знæмтæ. Ирон мифологи ахуыры æмæ иртасыны хъуыддыджы сæйрагдæр гуырæн сты Нарты кадджытæ, сфæлдыстой сæ нæ рагфыдæлтæ нæ эрæйы агъоммæ VIII — VII æнусæй-нæ эрæйы XIII — XIV æнустæм.
Термин "нарт" æмбарын кæнынц бирæ алыхуызты. Нарты эпосы иртасджытæн сæ иуæй-иутæ дзырд "нарт" æмбарын кæнынц дыууæ ирон дзырдæй — "нæ арт", иннæтæ та йæ бæттынц ирайнаг "нар"-имæ (нæлгоймаг). Аннæтæ та нарты адæмы "уынынц" Къаспы денджызы былгæрæтты цы историон знамтæ цардис, уыдон. Зынгæ ахуыргонд Абайты Васо куыд хъуыды кæны, афтæмæй "нарт" у монгойлаг дзырд "нара" — хур, алантæ — ирæттæ йæ æрбайстой XIII — XIV æнусы, ома, Сызгъæрин Орда Цæгат Кавказы æлдариуæг куы кодта, уыцы заман.
Термин "нарт" — равзæрдæн ис фидар морфологион æмæ космологион бындур, кæцыйыл арæзт цæуы æгас нарты эпос дæр.Фæлæ уæддæр уыцы цыртдзæвæны генезисы (сфæлдисыны) фарста у нартахурады сæйрагдæр проблемæтæй иу. Нарты кадджытæ æппæты рагондæр фæлтæртæ номхуындæй æмæ ирон мифологи æмткæй райсгæйæ, баст сты скиф — сæрмæтты дугимæ æмæ дзурæг сты бирæ скифаг æгъдæуттæ æмæ уагахастыл, кæцытæ фыст æрцыдысты Геродоты "Истори" — йы.
Кадджыты генезисы ирайнаг компонент кæй архайдта, уымæн æвдисæн сты эпосы иу къорд хъайтары номы. (Уæрхæг, Æхсар, Уырызмæг, Ацæмæз, Ацырухс, Уастырджи, Уацилла æмæ æнд.) Рагкавказаг компонентмæ хауынц эпосы иннæ хъайтарты нæмттæ (Хуыцау, Реком, Тæтæртупп, Таранджелоз, Мыкалгабыртæ, Æфсати, Сафа æмæ ин.). Нартзонджытæ — иртасджытæ нарты эпос дих кæнынц цалдæр сæйраг циклыл: Хуры, тæрккъæвдаты, тотемон æмæ этногонион.
Ирон мифологи тынг хъæздыг у, чырыстон дины размæйы системæйы иугонд чи ’рцыдис, ахæм равдыстытæй, фæлгонцтæй æмæ сюжеттæй. Муртакк хуыцæуттæй бирæтæ фæстæдæр райстой чырыстон хуыз.