Нарты кадджытæ, дыгур. Нарти кадæнгитæ — афтæ хонынц ирон адæмы эпос. Нарты эпосы хуызæн кадджытæ ис æндæр цæгат-кавказаг адæмттæн дæр, уыдонæй хъæздыгдæр у кæсгон адæмæн.

Цæгат Кавказы адæмтæй фыццаг чи æрæвæрдта бындур нарты эпосæн, науæд цахæм националон кæнæ социалон фæлтæрæй уыдысты сæхæдæг нарт, уый æнцон рахатæн нæу. Гуырысхойаг ницы ис æрмæст иу хабары: нарты кадджытæ, бирæ рæстæг ирон дзыллæйы ’хсæн уæвгæйæ, райстой бынтон оригиналон хуыз. Уыдон хуызæн никæуыл фидауы ирон националон эпосы ном.

Нарты эпосы ис бæлвырд историон хабæртты æнхъæвзæн: ирон адæм цы бæлвырд историон хæтæнты фесты, уый æвдисынц нарты кадджытæ. Æнусты дæргъы ирон адæм мыггаггай цардысты: æнæаскъуыйгæ æвирхъау тох цыди хицæн мыггæгты ’хсæн; туджы фæдыл мыггæгтæ кæрæдзи цагътой. Уыцы хабæртты нывтæ диссаджы æргом зынынц нарты эпосы.

Литературæ

ивын

Æрвитæнтæ

ивын