Зафаробод (Зафарабад дæр) у Таджикистаны Согъды облæсты чысылдæр сахар. Лæууы Æххормæг быдыры, Ташкентæй Душанбемæ фæндагыл, æфсæнвæндаджы æлхынцъ Хавастæй 5 км æддæ. 1970-æм азы цæрджыты нымæц уыди 9 мин адæймаджы.

Сахар
Зафаробод
тадж. Зафаробод
Герб
Герб
40°11′ с. ш. 68°53′ в. д.HGЯO
Паддзахад Таджикистан Таджикистан
Облæст Согъды облæст
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+5:00[d]
Цæрджытæ
Цæрджытæ 17 200 адæймаджы (2015)
Зафаробод (Таджикистан)
Зафаробод (Согъды облæст)

Зафаробод зындгонд сси куыд, æппæт ягънобæгты хохæй кæдæм рацæрын кодтой, уыцы бынат. Ныртæккæ Зафарабод у ягънобаг культурæ æмæ ягънобаг æвзаджы сæйрагдæр артдзæст. Зафарободы æмæ йæ алфамбылай цæрынц 6,5 мин ягънобаджы.

Цæрджытæ кæнынц бæмбæджы куыст.