Ягънобаг адæм
Ягънобаг адæм (яғнобӣ) сты Таджикистаны цæрæг чысыл адæмыхæттæй иу, дзурынц ягънобаг æмæ таджикаг æвзæгтыл. Ягънобæгты нымæц у 25 мины бæрц, уыдонæй æрмæст 13,5 мин[1] (кæнæ уымæй къаддæр) дзурынц мадæлон æвзагыл.
Ягънобаг адæм | |
---|---|
Нымæц | 25 000 |
Ахæлиу | Таджикистан |
Æвзаг | ягънобаг, таджикаг |
Дин | пысылмон дин |
Кæй сконды у | ирайнаг адæмтæ |
Викикъæбицы медиа |
1970-1971 азты советон Таджикистаны хицауад ягънобæгты тыхæй æрцæрын кодтой Узбекистаны арæнмæ хæстæг быдыры (Зафарабод). Уымæй фехæлди сæ царды уаг, ягънобæгтæй бирæ амарди тарниз æмæ фыргуыстæй. Фæстæдæр ягънобæгтæн фæстæмæ цæуыны бар радтой, фæлæ 300 адæймагæй фылдæр фæстæмæ нæ раздæхтысты Ягънобы коммæ. Ягънобы комы уавæр у зын: уыцы ран электрон тых нæй, нæй дзы хорз фæндæгтæ дæр, уым чи цæры, уыдонæн æрмæст натуралон хæдзарадæй цæрæн и. Ягънобæгты стырдæр цæрæнран у Зафарабод.