Таджикаг æвзаг (забони Тоҷикӣ, иуæй-иу хатт хонынц æй персайнаг æвзаджы диалект — перс. فارسی تاجیکی фарси-тоджики) у таджикаг адæмы æвзаг, Таджикистаны паддзахадон æвзаг æмæ Афгъанистаны регионалон æвзæгтæй иу. Уыимæ ма дзурынц ыл Узбекистаны иуæй-иу районты (Самарканд, Бухара æмæ сæ алфамбылай зæххытæ) æмæ Афгъанистаны цæгаты.

Таджикаг æвзаг
Хином Тоҷикӣ, تاجیکی
Бæстæтæ Таджикистан, Узбекистан, Уæрæсе, Хъазахстан, Иран, Афгъанистан
Официалон статус Таджикистан Таджикистан
Дзурджыты нымæц 14 млн.
Классификаци
Категори Евразийы æвзæгтæ

Индоевропæйаг æвзæгтæ

Ирайнаг æвзæгтæ
Ныгуылæн ирайнаг æвзæгтæ
Фыссынад кириллон алфавит, персайнаг фыссынад
Æвзаджы кодтæ
ISO 639-1 tg
ISO 639-2 tgk
ISO 639-3 tgk
ГОСТ 7.75–97 тад 640
WALS taj
Ethnologue tgk
IETF tg
Glottolog taji1245
Википеди ацы æвзагыл

Таджикаг æвзаг у ныгуылæйнаг ирайнаг æвзæгтæй иу. Раздæр, куыд регионы культурæйы артдзæстыты æвзаг, уый стыр тæваг дардта, йæ цуры цы æндæр æвзæгтæ уыди, уыдоныл — æппæты зынгæдæр узбекаг æвзагыл æмæ иуæй-иу чысылдæр æвзæгтæм, уыдонимæ, ирайнаг æвзæгтæй ирон æвзагмæ тæккæ хæстæгдæр чи у, уыцы ягънобаг æвзагмæ.

Таджикаг æвзаг æндæр персайнаг æвзаджы здæхтытæй фæиппæрд XV-æм æнусы æмæ уый тыххæй дзы баззадысты, Иран æмæ Афгъанистаны æвзæгты цы грамматикон миниуджытæ фесæфтысты, уыдон. Ираны персайнаг æвзагимæ абаргæйæ, таджикаг æвзагмæ чысылдæр араббаг дзырдтæ бахауди — ирайнаг æвæрды дзырдтæ сты фылдæр. Уæддæр ныры онг Иран æмæ Таджикистаны цæрджытæн сæ кæрæдзийы ныхас æнцонæмбарæн у.

Нырыккон таджикаг алфавит арæзт у кириллон алфавиты бындурыл (1940-æм азæй):

А а Б б В в Г г Ғ ғ Д д Е е Ё ё
Ж ж З з И и Й й Ӣ ӣ К к Қ қ Л л
М м Н н О о П п Р р С с Т т У у
Ӯ ӯ Ф ф Х х Ҳ ҳ Ч ч Ҷ ҷ Ш ш Ъ ъ
Э э Ю ю Я я

Таджикаг грамматикæйы æрмæстдæр ис дыууæ хауæны: номон æмæ комкоммæйы (иварон) хауæн. Уыцы дыккагæн йæ кæрон у -ро: Рустамро задам «Рустамы ныццавтон». Æппæт æндæр ахастытæ æвдыст цæуынц разæвæрдты фæрцы: китоб «чиныг», аз китоб «чиныгæй», ба китоб «чиныгмæ», чун китоб «чиныгау» æмæ афтæ дарддæр.

Нæмтты бирæон нымæцы кæрæттæ сты -ҳо æмæ -он. Удон номдарты бирæон нымæцы кæрон у -он, кæрон -ҳо фенæн ис алыхуызон дзырдтимæ — удонтæ æмæ æнæудонтимæ. Зæгъæм, иууон нымæцы дзырд асп-æн («бæх») бирæон нымæцы формæ у куыд аспон, афтæ аспҳо дæр. Кæрон -он фенæн ис æнæудон номдартимæ дæр — зæгъæм, буары хæйтты формæтæ сты даст — дастон «арм — æрмттæ», чашм — чашмон «цæст — цæстытæ».

Миногонтæ номдарты фæстæ æвæрд сты (ирон хъуыдыйады дзырдты равæрдæй хъауджыдæр) æмæ номдаримæ баст сты изафеты кæронæй. Китоб «чиныг», китоби хуб «хорз чиныг» — изафеты кæрон æвдисы, номдары фæстæ йæ бæрæггæнæн дзырд кæй цæуы, уый. Бирæон нымæцы изафеты кæрон цæуы нымæцæвдисæг кæроны фæстæ: китоб-ҳо-и хуб «хорз чингуытæ».

Миногоны бæрцбарæнтæ сты ахæм:

  • кӯҳи баланд «бæрзонд хох» (дзырдæй-дзырдмæ: «хох-и бæрзонд»)
  • кӯҳи баландтар «бæрзонддæр хох» («хох-и бæрзонддæр»)
  • баландтарин кӯҳ «æппæты бæрзонддæр хох» (уæлахизон бæрцбарæны миногон æвæрд цæуы разæй)

Цæсгомон номивджытæ сты ахæм:

Цæсгом Иууон Бирæон
1-æм ман «æз» мо «мах»
2-æм ту «ды» шумо «смах, ды»
3-æм ӯ, вай «уый» онҳо «уыдон»

Дыккæгæм цæсгомы номивæг шумо фæзæгъынц иу адæймагæн дæр (уырыссаг æвзаджы куыд у, афтæ).

Таджикаг бындурон лексикæйы тыххæй цыдæртæ базонæн и мæнæ ахæм таблицæйæ:

таджикагау моҳ
(mōh)
нав
(nau̯)
модар
(mōdar)
хоҳар
(xͮōhar)
шаб
(šab)
бинӣ
(bīnī)
се
(se)
сиёҳ
(siyōh)
сурх
(surx)
зард
(zard)
сабз
(sabz)
гург
(gurg)
Æндæр индоевропæйаг æвзæгтæ
персайнагау māh nou̯ mādar xͮāhar šab bīnī se siyāh sorx zard sabz gorg
урду māh / māheena nayā mā / walda behn rāt nāk tīn siah / kālā surkh / lāl pīlā sabz / harā bheyrya
пушту myāsht nəvay mōr khōr shpa pōza dre tōr sur zhaṛ shin lewa
иронау мæй ног мад хо æхсæв фындз æртæ сау сырх бур цъæх бирæгъ
хинди mās nayā mātā bahin rāt nāk tīn kālā / shyam lāl pīlā harā bik
англисагау month new mother sister night nose three black red yellow green wolf
немыцагау Monat neu Mutter Schwester Nacht Nase drei schwarz rot gelb grün Wolf
латинагау mēnsis novus māter soror nox nasus trēs āter, niger ruber flāvus, gilvus viridis lupus
францагау mois nouveau mère sœur nuit nez trois noir rouge jaune vert loup
италиагау mese nuovo madre sorella notte naso tre nero rosso giallo verde lupo
испайнагау mes nuevo madre hermana noche nariz tres negro rojo amarillo verde lobo
каталайнагау mes nou mare germana nit nas tres negre roig / vermell groc verd llop
румынагау luna nou/noi mamă soră noapte nas trei negru roşu galben verde lup
грекъагау μήνας
minas
νέος
neos
μητέρα
mitera
αδελφή
adhelfi
νύχτα
nihta
μύτη
miti
τρία
tria
μαύρος
mavros
κόκκινος
kokkinos
κίτρινος
kitrinos
πράσσινος
prassinos
λύκος
likos
литовагау mėnuo naujas motina sesuo naktis nosis trys juoda raudona geltona žalias vilkas
болгайрагау месец
mesets
нов
nov
майка
maika
сестра
sestra
нощ
nosht
нос
nos
три
tri
черен
cheren
червен
cherven
жълт
zhălt
зелен
zelen
вълк
vălk
уырыссагау месяц новый мать сестра ночь нос три чёрный красный жёлтый зелёный волк

Литературæ

ивын
 
Википеди

Википедийы ис хайад
таджикаг æвзагыл

  • Основы иранского языкознания. Т. 3. Новоиранские языки. М. 1982.
  • Korotow, M. (2004) Tadschikisch Wort für Wort. Kauderwelsch ISBN 3-89416-347-X
  • Lazard, G. (1956) "Caractères distinctifs de la langue tadjik". Bulletin de la Société Linguistique de Paris. 52. pp. 117--186
  • Lazard, G. "Le Persan". Compendium Linguarum Iranicarum. Wiesbaden. 1989.
  • Windfuhr, G. (1987) in Comrie, B. (ed.) "Persian". The World's Major Languages. pp. 523--546
  • Perry, J. R. (2005) A Tajik Persian Reference Grammar (Boston : Brill) ISBN 90-04-14323-8
  • Rastorgueva, V. (1963) A Short Sketch of Tajik Grammar (Netherlands : Mouton) ISBN 0-933070-28-4