Зурабишвили, Саломе
Саломе Зурабишвили (гуырдз. სალომე ზურაბიშვილი, фр. Salomé Zourabichvili) у гуырдзиаг æмæ францаг паддзахадон æрхайæг, Гуырдзыстоны республикæйы фæндзæм президент æмæ бæрзонддæр сæйрагкъамандыгæнæг, раздæры Францы минæвар Гуырдзыстоны. У Гуырдзыстоны историйы фыццагдæр сылгоймаг-президент.
Саломе Зурабишвили | |
---|---|
гуырдз. სალომე ზურაბიშვილი | |
2018-æм азы 16 декабрæй | |
Хицауады Сæрдар | Мамука Бахтадзе Георгий Гахария |
Раздæр чи уыд | Георгий Маргвелашвили |
2004-æм азы 20 мартъийы — 2005-æм азы 19 октябры | |
Хицауады Сæрдар | Зураб Жвания Зураб Ногаидели |
Президент | Михаил Саакашвили |
Раздæр чи уыд | Тедо Джапаридзе |
Фæстæдæр | Гела Бежуашвили |
2003 — 2005 | |
Райгуырдис |
1952-æм азы 18 мартъийы[1][2] (72 азы) |
Гуырæн ном | фр. Salomé Nino Zourabichvili[3] |
Фыд | Леван Зурабишвили |
Мад | Зейнаб Кедиа |
Æмкъай |
1. Николоз Горджестани 2. Жанри Кашия |
Сывæллæттæ |
фырт: Теймураз Горджестани чызг: Кетеван Горджестани |
Парти | |
Ахуырад | |
Професси | дипломат, политик |
Дин | Гуырдзыстоны растуырнæг еклези[d] |
Къухæрфыст | |
Хорзæхтæ | |
Сайт | salome.ge(гуырдз.) |
Кæм куыста | |
Викикъæбицы медиа |
У «Гуырдзыстоны фæндаджы» партийы сæрдар. Раздæры та уыд «Саломе Зурабишвилийы æхсæнæдон змæлды» сæрдар (2005-2006), Гуырдзыстоны Æддæгон хъуыддæгты министр, Францы минæвар Гуырдзыстоны, Францы Генералон национ хъæхъхъæнынады секретариат æхсæнадæмон фарстатæ æмæ стратегийыл сæрдар (2001-2003).
Цардафыст
ивынРайгуырд Францы, гуырдзиаг политикон эмигранттæ Зурабишвили Зураб æмæ Зейнаб Кедиайы бинонты.
Йæ фыды фыд, Иван Зурабишвили, фыццаг Гуырдзыстоны республикæйы хицауады уæнг уыд 1918-æм æмæ 1921-æм азты.
1972-æм азы каст фæци Парижы политикон зонæдты институт, 1973-æм азы та АИШ-ы Колумбийы университет.
1974-æм азæй куыста Францы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады.
1974-1977 азты уыд францаг минæварады Италийы æртыккаг секретарь, 1977-1980 азты та дыккаг секретарь Францы æппæтрæстæгон миссийы ИНО-йы.
1980-1984 азты куста анализ æмæ прогнозкæнынады центры æддæгполитикон уагдоны централон аппараты.
1984-1988 азты уыд Францы минæварады АИШ-ы фыццаг секретарь.
1989-1992 азты уыд дыккаг секретар Францы минаварады Чады.
1992 азы сси фыццаг секретар Францы æппæтрæстæгон миссийы НАТО-йы, 1993 азы та сси Францы æппæтрæстæгон бæрнлæджы ЕЦ-йы хæдивæг.
1996 азæй уыд министрады къабинеты техникон уыннæфæгæнæг, 1997 азæй та сси Францы ÆХъМ-ы инспектор.
1998-2001 азты куыста ÆХъМ-ы стратеги, æдасдзинад æмæ гæрзты æрæвæрды фарстатыл фæткдаруаты.
2001 азы сси Францы национ хъæхъхъанынады æхсæнадæмон фарстатæ æмæ стратегийыл генералон секретариаты сæрдар.
2003-æм азы сси Францы минæвар Гуырдзыстоны.
2004-æм азы мартъийы Гуырдзыстоны ногæвзæрст президент Саакашвили Зурабишвилийæн радта Гуырдзыстоны æмбæстагад æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры бынат.
Йæ сæйрагдæр æнтыстыл уыцы бынаты нымайы Уæрæсейы æфсаддон базæтæ Гуырдзыстонæй кæй ракодтой, уый, æмæ хоны йæ Гуырдзыстоны историон æнтыстæй.
2005-æм азы 20 декабры Зурабишвилийы куыстуæгъдмæ рарвыстой, Гуырдзыстоны ног ÆХъМ-ы сæрдар сси Гела Бежуашвили. Куыстуагъдæй раздæр Зурабишвили «Рустави-2»-йы эфира дзырдта, парламенты спикер Нино Бурджанадзе ацы бæстæйы кланон диктатурæ саразынмæ кæй хъавы. уый, æмæ йæ оппонентты гуырдзиаг ныхас «каджи»-йæ схуыдта, кæцы нысан кæны «хъæуккаг/хъæддаг талынг лæг».
2018-æм азы президентон æвзæрстыты хайад райста куыд хæдбар кандидат («Гуырдзиаг бæллицы» парти уымæн æххуыс кодта[5]), æмæ 38,6% хъæлæсты райста æмæ дыккаг туры фæуæлæхиз (59,52 %). Уымæй сси Гуырдзыстоны фыццаг сылгоймаг президент[6].
Уæлæхизы фæстæ загъта, Уæрæсеимæ иумæ кæй нæ кусдзæн, уый — уымæн æмæ Уæрæсе, уымæ гæсгæ, у знаг æмæ оккупант[7][8].
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Salomé Zourabichvili // Roglo — 1997.
- ↑ Salome Surabischwili // Munzinger Personen (нем.)
- ↑ https://www.legifrance.gouv.fr/affichTexte.do?cidTexte=JORFTEXT000000419116
- ↑ https://www.sciences-po.asso.fr/profil/salomenino.zourabichvili72_1
- ↑ Грузинская мечта может стать французской / Коммерсантъ
- ↑ Саломе Зурабишвили официально вступила в должность президента Грузии . interfax.ru. Интерфакс (16 декабря 2018). Датæ: 2018-æм азы 16 декабры.
- ↑ Президент Грузии Саломе Зурабишвили назвала Россию врагом и оккупантом / 1tv.ru
- ↑ Послание на все четыре стороны. Президент Грузии обратилась к согражданам, России, Евросоюзу и НАТО // Газета «Коммерсантъ» № 41 от 07.03.2019