Ибе́ро-Аме́рикæ (исп. Iberoamérica) — бæрæггæнæн, кæцы нысан кæны Европæйы æмæ Латинаг Америкæйы испайнаг- æмæ португайлагдзургæ паддзахæдтæ.

Иберо-Америкæйы картæ

Термин ист у Иберийы (Пиренейы) æрдæгсакъадахы номæй, кæцыйыл сты Испани æмæ Португали. Афтæ сæ схуыдтой уымæн æмæ XVI-XVII æнусты испайнæгтæ æмæ португайлæгтæ бабырстой Централон æмæ Хуссар Америкæйы зæххытæм.

Истори

ивын

Иберо-Америкæйы истори байдыдта испайнаг æмæ португайлаг конкистадорты балцытæй Хуссар Америкæйы бæстæмæ.

XVI-XVII æнусты Испани Централон Америкæйы æмæ Хуссар Америкæйы зæххытæ баиу кодта иу империйы.

Иберо-Америкæйы паддзахæдтæ

ивын
  • Испайнагдзургæ паддзахæдтæ: (400 милуан адæймагæй фылдæр)
  Аргентинæ 38 747 000
  Боливи 9 182 000
  Венесуэлæ 26 749 000
  Гватемалæ 12 599 000
  Гондурас 7 205 000
  Доминиканæйы Республикæ 8 895 000
  Испани 47 116 000
  Колумби 45 600 000
  Костæ-Рикæ 4 401 000
  Кубæ 11,269,000
  Мексикæ 107,029,000
  Никарагуæ 5 487 000
  Панамæ 3 232 000
  Парагвай 6 158 000
  Перу 27 968 000
  Пуэрто-Рико 3 955 000
  Сальвадор 6 881 000
  Уругвай 3 463 000
  Чили 16 295 000
  Эквадор 13 228 000
  • Португайлагдзургæ паддзахæдтæ: (200 милуан адæймагæй фылдæр)
  Бразили 196 342 592
  Португали 10 495 000
  • Каталайнагдзургæ паддзахæдтæ:
  Андоррæ 69 150

Æддаг æрмæг

ивын