Илчи
«Илчи» (лакагау нысан кæны Фидиуæг) у дагъистайнаг газет лакаг æвзагыл. Цыдис 1991-æм азæй 2019-æм азы онг къуыри иу хатт, 24 фарсыл. Ныртæккæ йæ хабæрттæ равæры æрмæстдæр йæ сайтыл.
«Илчи»-йы сæйраг редактор у Руслан Бачаев, Уæрæсейы Федерацийы фысджыты цæдисы уæнг.