Имеринæ
Имеринæ кæнæ Меринæйы паддзахад уыдис, францаг колонизацийы агъоммæ Мадагаскары фылдæр хайы чи æлдариуæг кодта, ахæм паддзахад.
Меринæ у малагасиаг адæмы дæлкъордтæй иу. Сæ къухы бафтыдис размæдзыд паддзахад саразын сакъадахы мидæггаг уæлвæзыл. Фыццаг иугæнæг паддзахы ном баззадис историйы куыд Андрианампоинимеринæ (XVIII æнусы кæрон). Йæ политикæйы девиз уыдис: «Мæ хуымы арæн денджыз уæд».
Паддзах Радамæ I æлдариуæг кодта 1810-1828 азты. Йæ къухы бафтыдис æппæт сакъадах йæ дæлбары баиу кæнын. Уымæн æххуыс кодтой Стыр Британийы салдæттæ æмæ политиктæ, цæмæй Францы тæваг регионы фæкъаддæр уа, уый тыххæй. Бритайнаг æххуысы баивдæн Меринæйы паддзахад сразы чырыстон дины хæлиугæнджытæ бæстæмæ бауадзын.
Радамæ I куы амардис, уæд йæ бынат бацахста йæ 33-аздзыд ус Ранавалунæ I (æлдариуæг кодта 1828-1861 азты). Ранавалунæ I Мадагаскары историйы баззадис куыд Тызмæг Ранавалунæ: уый сакъадахон паддзахадæй ратардта чырыстон миссионерты, мингай марын кодта йе ’мбæстæгты, чырыстон диныл æнувыд чи уыдис, ахæмты. Йæ ныхæстæм гæсгæ, чырыстон дин малагасиаг рагфыдæлты дин нæ уыдис æмæ уый тыххæй ууыл хæцæн нæй. Францаг сæудæджертæ æмæ иуæй-иу малагасиаг уæздæттæ йæ бынатæй йæ аиуварс кæнынмæ кæй хъавынц, уый куы базыдта, уæд паддзахадæй арвыста æппæт фæсарæйнæгты дæр. Уымæй Мадагаскар бахаудис изоляцийы, фæкъаддæр базарад.
Тызмæг Ранавалунæйы фырт Радамæ II æрмæст æртæ азы æлдариуæг кодта (1861-1863). Фæстаг Мадагаскары паддзæхтæ уыдысты:
- Расохеринæ (1863-1868).
- Ранавалунæ II (1868-1883), æлдариуæг кодта Британийы тæваджы заман.
- Ранавалунæ III (1883-1897), бæстæйы фæстаг ус-паддзах.
1897-æм азы Франц йæхи бакодта сакъадах, ууыл Меринæйы паддзахады истори фæцис. Ранавалунæ III æмæ йæ хæстæджыты арвыстой Алжирмæ.