Малагасиаг адæм
Малагасиæгтæ (зæронддæр термин мальгашæгтæ, францаг номæй malgâche) у Мадагаскары Республикæйы сæйраг адæмыхатт. Æдæппæт малагасиæгты нымæц у 20 милуаны бæрц. Дзурынц малагасиаг æвзагыл, бирæтæ зонынц францаг æвзаг дæр.
Малагасиæгтæ | |
---|---|
Хином | malagasy |
Ахæлиу | |
Æвзаг | францаг æмæ малагасиаг[d] |
Дин | анимизм, чырыстон дин |
Хæстæг адæмтæ | индонезиæгтæ, банту |
Викикъæбицы медиа |
Малагасиаг адæм дих кæнынц цалдæр этникон дæлкъордыл, хонынц сæ знæмтæ дæр. Уыцы къордты мидæг ис дыууæ стырдæр хайы: хохæгтæ æмæ былгæройнæгтæ. Хохæгтæ сты Скæсæны Азийæ æрбацæуæг цæрджыты фæдонтæ, былгæройнæгтæ та — Африкæйы чи æрбацыдысты, уыцы адæм. Кæд сæ уындмæ гæсгæ иухуызон не сты (монголоидтæ æмæ негроидтæ), фæлæ уæддæр сæхи нымайынц иу адæмыл.
Равзæрд
ивынМалагасиæгты равзæрды фарста у вазыгджын. Сакъадахы рагон цæрджытæ негроидтæ нæ уыдысты. Нæ эрæйы агъоммæ X-VI æнусты Мадагаскармæ лидзын байдыдтой индонезиæгтæ. Семæ æрбахастой монголоидон антропологон хуыз, сæхи æвзаг, сæ сæрмагонд культурæ. Индонезиæгтæ æмæ бынæттон знæмты кæрæдзион архайдæй равзарди нырыккон малагасиаг адæм.
Малагасиаг таурæгътæм гæсгæ рагзаманы Мадагаскар уыдис дзæвгар стырдæр сакъадах, уыдис ма скæсæны зæхх, кæцы фæстæдæр фæдæлдон и.
Малагасиæгты къухы бафтыд цалдæр размæдзыд паддзахады саразын, уыдонæй тыхджындæр уыдис Имеринæ, меринæйы знæмы бæстæ. Имеринæйы таманы рæстæг уыдис XIV æнус. XVI æнусы æвæрд æрцыд Тананаривейы сахары бындур, йæ ном нысан кæны «мины сахар», йæ алфамбылай зæххытæ Имеринæйы паддзахадмæ чи байста, уыцы æфсад мысынæн.
XVIII æнусы æлдариуæг кодта паддзах Рамбоазаламæ. Уый æнтыстджынæй иу кодта Мадагаскары зæххытæ æмæ знæмтæ. Уый, дам, загъта: «Нæ арæн у денджыз». Афтæ дæр разынди: æппæт сакъадах баиу ис иу паддзахады сконды.
XIX æнусы дæргъы хæдбар малагасиаг паддзахад сарæзта йæхи индустри, фæзындысты дзы периодикон мыхуыр æмæ æнæниздзинады хъæхъхъанынад, лæвар ахуырадон системæ. 1896-æм азы Франц йæхимæ байста æппæт сакъадах, йе ’фсад тыхджындæр уыд, стæй знæмты кæрæдзийы ныхмæ фæхыл кодтой, æмæ уый тыххæй.
Æрмæст 1960-æм азы Мадагаскар ногæй сси хæдбар паддзахад.
Экономикæ
ивынМалагасиæгты фылдæр хай кусы хъæууон хæдзарады. Кæнынц пырындзы куыст, цæуынц кæсагдзуаны, дарынц фос (зебу).
Литературæ
ивын- Буато П. Начало европейского проникновения // Мадагаскар. Очерки по истории мальгашской нации / Ред. Ю. Н. Панков. М.: Издательство восточной литературы, 1961. С. 25-409.
- Корнеев Л. А. Вступление в брак // Обычаи и фольклор Мадагаскара / Отв. ред. И. С. Брагинский. М.: Наука, 1977. С. 42-78.
- Кулик С. Мадагаскар и малагасийцы. Очерк // Новое время. Вып. 11. 1970. С. 28-29.
- Львова Э. С. Мадагаскар // Этнография Африки. М.: Издательство Московского университета, 1984. С. 286-289.
- Ольдерогге Д. А., Орлова А. С. Мадагаскар // Народы Африки / Ред. Д. А. Ольдерогге, И. И. Потехин. М.: Издательство Академии наук СССР, 1954. С. 617-645.
- Орлова А. С. Мадагаскар // Африканские народы. Очерки культуры, хозяйства и быта / Отв. ред. И. И. Потехин. М.: Издательство Восточной литературы, 1958. С. 90-97.
- Рабеманандзара Р. В. Мальгашский мир // Мадагаскар. История мальгашской нации / Ред. М. Н. Машкин. М.: Издательство иностранной литературы, 1956. С. 41-45.
- Третьяков П. Н. Пути развития хозяйства и культуры Мадагаскарской Республики // Вестник Академии наук СССР. Вып. 2. 1964. С. 94-99.
- Шпажников Г. А. Острова Индийского океана. Мадагаскар // Религии стран Африки / Ред. И. И. Потехин. М.: Наука, 1981. С. 132-134.
- Dandonau A., Chapus G. S., Histoire des populations de Madagascar, Paris, 1952.
- Faublée J., L’ethnographie de Madagascar. Paris, 1946;
- Feeley-Harnik, G. A Green Estate. Restoring Independency in Madagascar. Washington: Smithsonian Institution Press, 1991.
- Middleton, K. P. (ed.) Ancestors, Power and History in Madagascar. Leiden — Boston: Brill, 1999.
Æддаг æрмæг
ивын- Страница о малагасийцах на Информационном центре Африка Архивгонд æрцыдис 7 декабры 2009 азы.(уырыс.)
- Страница о малагасийцах на Еthnologue.com(англ.)