Мадагаскар
Мадагаска́ры Республикæ (малаг. Repoblikan'i Madagasikara [republiˈkʲan madaɡasˈkʲar], фр. République de Madagascar) у сакъадахон паддзахад Индийы фурды ныгуылæн хайы. Мадагаскар у дунейы цыппæрæм стырдæр сакъадах, йæ фæзуат у 587 мин квадратон километры. Паддзахадмæ хауы, Африкæйы скæсæйнаг былмæ ’ввахс цы чысыл сакъадæхтæ ис, уыдонæй цалдæр. Æдæппæт бæстæйы цæрджыты нымæц хæццæ кæны 20 милуанмæ, сæ адæмыхатмæ гæсгæ сты малагасиаг адæмы алыхуызон дæлкъордтæ, ис Хуссар Азийæ æрбацæуæг адæм дæр.
Мадагаскары Республикæ | |||||
---|---|---|---|---|---|
Repoblikan'i Madagasikara République de Madagascar Republic of Madagascar | |||||
| |||||
Девиз: «Tanindrazana, Fahafahana, Fandrosoana» «Фыдыбæстæ, Сæрибардзинад, Прогресс»» |
|||||
Гимн: «Гъо, нæ уарзон бæстæ» | |||||
Официалон æвзаг | англисаг, малагасиаг æмæ францаг | ||||
Сæйраг сахар | Антананариву | ||||
Стырдæр сахартæ | Антананариву | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Республикæ | ||||
Территори | |||||
• Æдæппæт | 587 041 км² | ||||
• Доны уæлцъары % | 7,0 | ||||
Цæрджытæ | |||||
• Бахыгъд | 18 400 000 ад. | ||||
• Æнгомад | 31,3 ад./км² | ||||
ÆМП | |||||
• Æдæппæт (2005) | 16,228 млрд. долл. | ||||
Валютæ | Ариари (MGA) | ||||
Интернет-домен | .mg | ||||
Код ISO | MG | ||||
ÆОК-ы код | MAD | ||||
Телефонон код | +261 | ||||
Сахатон таг | +3 | ||||
Викикъæбицы медиа |
Мадагаскары ис уникалон æрдз. Дунейы цæрæгойтæ æмæ зайæгойты 5% ис Мадагаскары, уыдонæй 80% ис ссарæн æрмæст уыцы сакъадахыл. Тæккæ зындгонд мадагаскайраг цæрæгой у лемур.
Мадагаскары ис 5 климæтон (бæстыхъæды) зонæйы. Уыдонæй тæккæ карздæр у сакъадахы хуссайраг был: ис дзы сыгъд æдзæрæгран.
Мадагаскары сæйраг æвзæгтæ сты малагасиаг æмæ францаг. Уыдонæй уæлдай ма официалон статус ис англисаг æвзагæн дæр. Сакъадахы цæрджытæ сты æмхæццæ негроидон-монголоидон расæйон къорды. Се ’взагмæ гæсгæ, мадагаскайрæгтæ сæ сакъадахмæ æрбацыдысты, нырыккон Индонези кæм и, уыцы ранæй. Мадагаскайрæгтæ иу адæмыхатт не сты, фæлæ дих кæнынц 18 знæмыл.
Истори
ивынXVIII-XIX æнусты Мадагаскар уыдис иугонд хæдбар паддзахад (ууыл кæс Имеринæ).
1896-æм азы Франц тыххæй байста Мадагаскар æмæ йæ йæ колони скодта. Æрмæст 1960-æм азы Мадагаскар ногæй сси хæдбар паддзахад.
Æддаг политикæ
ивынМадагаскары Республикæйы минæварæдтæ
ивын- Бельги
- Брюссель (минæварад)
- Герман
- Берлин (минæварад)
- Итали
- Ром (минæварад)
- Стыр Британи
- Лондон (минæварад)
- Уæрæсе
- Мæскуы (минæварад)
- Франц
Цæгат Америкæ
ивынАфрикæ
ивын- Алжин
- Алжир (минæварад)
- Эфиопи
- Аддис-Абебæ (минæварад)
- Ливи
- Триполи (минæварад)
- Маврикий
- Порт-Луи (минæварад)
- Сенегал
- Дакар (минæварад)
- ХАР