Инженерты пысылмон æхсæнад
Инженерты пысылмон æхсæнад (перс. جامعهٔ اسلامی مهندسین — Jāme'-e eslāmī-ye mohandisīn) у, консервативон альянс «Абадгаран»-ы сконды чи ис, уыцы ирайнаг политикон парти. Йæ бындур æвæрд æрцыд 1988-æм азы, ирайнаг-иракаг хæсты рæстæг. Партийы манифесты расидтæуыд «ныгуылæйнаг материализмæй Ираны культурæ бахизыны архайд», стæй Ираны пысылмæтты фæндон æвдисын æмæ æмбырдтæ сæрибарæй аразыны бартыл тох.
2005-æм азы президентон æвзæрстыты афон Инженерты пысылмон æхсæнад нæ рахæцыди Ахмадинежады фарс æмæ уый тыххæй бахъуыди аразын дыккаг тур, цыран Ахмадинежад фæуæлахиз ис йæ раздæры конкурент Али Лариджанийы æххуысы фæрцы.