Ирыстоны Намысæн
Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы майдантæ «Ирыстоны Намысæн» æмæ «Кады Нысан» нымад сты уæлдæр паддзахадон хæрзиуджытыл.
Майдан «Ирыстоны Намысæн»-æй адæмты хорзæхджын кæнынц РЦИ — Аланийы райрæзтимæ, фæллойадон æнтыстдзинæдтимæ, адæмты ’хсæн сабырдзинад, хæлардзинад æмæ æмгуыстад фидар кæныны хъуыддагимæ баст чи у, республикæйы раз уыцы стыр æнтыстдзинæдты, стæй РЦИ — Аланийы адæмы хъахъхъæныны хъуыддагмæ стыр æвæрæн бахæссыны тыххæй.
РЦИ — Аланийы майдан дарынц риуы галиу фарсыл, æмæ адæймагмæ Уæрæсейы Федерацийы æмæ ССР Цæдисы ордентæ æмæ майдантæ кæд ис, уæд æй бафидар кæнынц уыдоны фæстæ.
Майдантæ дæттыны фæтк бæлвырд кæны Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы закъон «РЦИ — Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй».