Цæгат Ирыстоны паддзахадон хæрзиуджытæ
РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджытæ нымад сты паддзахадон арæзтады, экономикæйы, зонады, культурæйы, аивады, хъомылады, ахуырады, адæмы æнæниздзинад, цард æмæ барты хъахъхъæнынады хæрзаудæн архайды сæрмагонд æнтыстдзинæдты, фæллойадон сгуыхтдзинæдты æмæ РЦИ – Аланийы раз æндæр æнтыстдзинæдты тыххæй хорзæхджын кæныны фæткы уæлдæр хуызыл.
РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджытæй хорзæхджын кæныны фæткы барадон æмæ организацион бындуртæбæлвырд кæны закъон «РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй» (2007 азы 15 августы).
Паддзахадон хæрзиуджытæ хорзæхджынгонд адæмæн дæттынц кадджын уавæры схорзæхджын кæныны тыххæй РЦИ – Аланийы сæргълæууæджы æмбæлгæ Указ тыхы бацæуыны бонæй æртæ мæйы æмгъуыдмæ. Радон паддзахадон хæрзиуæгæй схорзæхджын кæнæн ис РЦИ – Аланийы раз æнтыстдзинæдты тыххæй хæрзиуæг фæстаг хатт радтыны бонæй паддзахадон хæрзиуæгæй амæйразмæ схорзæхджын кæныны цауæй æппынкъаддæр фондз азы фæстæ.
РЦИ – Аланийы майдантæ
ивынРЦИ – Аланийы Кадджын нæмттæ
ивын- «РЦИ – Аланийы сгуыхт металлург»;
- «РЦИ – Аланийы сгуыхт аразæг»;
- «РЦИ – Аланийы индустрийы сгуыхт кусæг»;
- «РЦИ – Аланийы хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæг»;
- «РЦИ – Аланийы транспорты æмæ фæндаггон хæдзарады сгуыхт кусæг»;
- «РЦИ – Аланийы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады сгуыхт кусæг»;
- «РЦИ – Аланийы паддзахадон граждайнаг службæйы сгуыхт кусæг»;
- «РЦИ – Аланийы сгуыхт экономист»;
- «РЦИ – Аланийы сгуыхт юрист»;
- «РЦИ – Аланийы сгуыхт эколог»;
- «РЦИ – Аланийы адæмы цардыуаджы лæггæдты сгуыхт кусæг»;
- «РЦИ – Аланийы базарады сгуыхт кусæг»;
- «РЦИ – Аланийы физикон культурæ æмæ спорты сгуыхт кусæг»;
- «РЦИ – Аланийы наукæйы сгуыхт архайæг»;
- «РЦИ – Аланийы сгуыхт дохтыр»;
- «РЦИ – Аланийы æнæниздзиад хъахъхъæнынады сгуыхт кусæг»;
- «РЦИ – Аланийы адæмы социалон хъахъхъæнынады сгуыхт кусæг»;
- «РЦИ – Аланийы сгуыхт ахуыргæнæг»;
- «РЦИ – Аланийы ахуырады сгуыхт кусæг»;
- «РЦИ – Аланийы адæмон артист»;
- «РЦИ – Аланийы адæмон нывгæнæг»;
- «РЦИ – Аланийы адæмон фыссæг (поэт)»;
- «РЦИ – Аланийы сгуыхт артист»;
- «РЦИ – Аланийы сгуыхт нывгæнæг»;
- «РЦИ – Аланийы аивæдты сгуыхт архайæг»;
- «РЦИ – Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг»;
РЦИ – Аланийы Кады грамотæ
ивынРЦИ – Аланийы Кады грамотæйæ хорзæхджын кæнынц, æхсæнадон, куыстадон æмæ зонадон архайды, культурæйы, литературæйы æмæ аивады райрæзты чи фесгуыхт, уыцы кусæндæтты кусджыты æмæ коллективты, адæмты æхсæн сабырдзинад æмæ хæлардзинад фидар кæныны хьуыддагмæ æвæрæн бахæссыны, фидауынгæнæг куысты разæнгардæй архайыны тыххæй.