Исаты Мæхæмæт
Исаты Измаилы фырт Мæхæмæт (уырыс. Исаев Магомет Измайлович, иронау йæ мыггаг фыста куыд Исати[1]; 1928-æм азы 5 мартъийы, Лескены хъæу — 2011-æм азы 20 июны, Мæскуы) у Уæрæсейы æвзагиртасæг, иранистикæ, интерлингвистикæ æмæ этнолингвистикæйы специалист.
Исаты Мæхæмæт | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1928-æм азы 5 мартъийы |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 2011-æм азы 21 июны (83 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | эсперантологи[d] æмæ интерлингвистикæ[d] |
Куысты бынат | |
Альма-матер | |
Ахуырадон къæпхæн | филологон зонæдты доктор[d] |
Хорзæхтæ æмæ премитæ |
Каст фæцис Ленинграды университет. Ахуыргонд фылдæр зындгонд у куыд иранист, ирон æвзаджы дыгурон диалект иртасæг[2]. Ацы темæйыл ныффыста бирæ иртасæн куыстытæ. Ноджы ма уый архайы къорд æндæр фарстайыл: социолингвистикæ, этнолингвистикæ, Уæрæсейы æвзæгты кæрæдзийы ’хсæн архайд. Исайы-фырт уыдис бирæ ахæм темæтыл фыст куыстыты сæргълæууæг.
Исаты Мæхæмæт ма у эсперантойы цалдæр ахуыргæнæн чиныджы автор. 1979–1989 азты уый уыдис Советон эсператистты ассоциацийы сæргъы. Йæ зонадон сæргълæудæй хъахъхъæд æрцыдысты эсперантологийыл фыст диссертацитæ.
1990–1997 азты Исайы фырт куыста, «Уырыссаг æвзаг национ скъолайы» (уырыс. «Русский язык в национальной школе»), зæгъгæ, уыцы журналы сæйраг редакторæй.
Йæ фæстаг азты дæргъы куыста куыд Уæрæсейы зонæдты академийы Æвзагзонынады институты сæйраг зонадон кусæг.