«Иугонд Ир» (уырыс. Единая Осетия) у Хуссар Ирыстоны политикон партитæй иу, йæ бындур æвæрд æрцыдис 2012-æм азы апрелы. «Иугонд Ирмæ» ис парламенты 34 бынæттæй сæ 14[1].

Партийы сæргъы лæууы Тадтаты Алан[2], партийы бындурæвæрæг æмæ зынгæ архайæг у Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий.[3]

Сæ сæйраг политиконы нысан у Цæгат Ирыстонимæ баиу уын Уæрæсейы Федерацийы сконды («Иумæ баиу кæнæм Алани»).

Фиппаинæгтæ ивын

  1. https://edinayaosetia.org/index.php/kto-est-kto/fraktsiya-v-parlamente-ryuo
  2. https://edinayaosetia.org/index.php/kto-est-kto/predsedatel-partii
  3. Хуссар Ирыстоны æвзæрстыты æмбулы парти «Иугонд Ирыстон» - YouTube (2019), iRYSTON TV