Ичъына
Ичъына у ирон адæмы бæрæгбон, баст у фосдардимæ.
Кодтой йæ, фос-иу сæрдыгон хизæнтæй фæззæджы хæдзармæ куы скъæрдтой, уыцы афон, æмæ-иу уыд Фæззæджы Тутыры стырбоны хæдфæстæ. Йæ аразæн бон уыдис къуырисæр, стæмдæр хатт та — цыппæрæм кæнæ хуыцаубон.
Раджы заманты Ичъына уыдис иумæйаг ирон стырбон, кодтой йæ Ирыстоны алы ран дæр, фæлæ йæ уæддæр иууыл парахатдæрæй кодтой Чеселтгомы, Æрыдоны, Æрæфы алыварс хъæуты.
Ичъына вæййы рагвæззæгæй æрæгвæззæгмæ рахизыны рæстæджы, фосæлвынæн афон. Уый у фосдарыны культимæ баст стырбон.
Кæс ноджы
ивынЛитературæ
ивын- Цыбырты Людвиг. Ирон адæмон бæрæгбонтæ. Дзæуджыхъæу, «Аланыстон». 1999.