Тутыр
Тутыр, дыгур. Тотур[1] — ирон адæммæ бирæгъы бардуаг, хуыцауæй адæмæн хæрзиуæг курæг, хъахъхъæны адæмы низтæй, фылдæр сын кæны сæ фос. Кæмæ-иу смæсты, уымæн йæ фосмæ уагъта бирæгъты. Йæхæдæг-иу бирæгътæм куы смæсты, уæд сын иу цуанонтæй аирвæзынгæнæн нал уыд.
Тутыр | |
---|---|
дыгур. Тотур | |
Тип | бардуаг |
Æрд | нæлгоймаг |
Цæрæгой | бирæгъ |
Бæрæг æй кодтой афæдз дыууæ хатты: уалдзæджы, тæргæйтты мæйы æмæ фæззæджы, рухæны мæйы.
Мархо дарыны бæрæгбон æрцæуы Тутыры бæрæгбонмæ. Ахæссы æнæхъæн къуыри. Хонынц ма йæ Уалдзæжды Тутыр, Стыр Тутыр, Фæззæджы Тутыр.
Адæмон сфæлдыстадмæ гæсгæ, бирæгътæ канд йæ коммæ нæ кастысты, фæлæ ма йын суанг йæ къæхтæ дæр стæрдтой.
Тутыры къуыри уæлдай ком дардтой къуырисæры. Фæссихормæ-иу дон дæр ничи бануæзта. Хистæртæ-иу Ныхасы кодтой таурæгътæ, кæстæртæ хъуыстой, уыцы бон кусгæ ничи кодта.
Тутырæн-иу нывонд скодтой сæгъ кæнæ цæу. Кусарт кодтой цалынмæ ма рухс у, уæдмæ. Бинонты хистæр-иу скуывта, цæмæй сæ фос бирæгъæй хъахъхъæд уой, фылдæр кæной.
Тутыры бон арæзтой алыхуызон кусæнгæрзтæ. Дзырдтой, уыцы бон цы кусæнгарз саразай, уый уыдзæн фидар. Бæрæгбоны йæ хорæй ничи лæвæрдта-æбæркад уыдзæни афæдзы дæргъы. Чъиритæ кардæй нæ лыг кодтой, Тутыры зæрдæ ныл фæхуддзæн, зæгъгæ.
Фыццаг æртæ боны уыдысты уæлдай кадджын. Уыцы бонты цы загътаис æмæ цы хъуыды кодтаис, уыдон æнæмæнг æххæст кодтой. Туджджынтæ кæрæдзимæ нæ æвнæлдтой, цыфæнды æнæхатыр знæгтæ уыдысты сабыр. Бæрæгбоны цы сывæллон райгуырд, уый нымад уыд амондджыныл.
Тутыры бæрæгбон баст у зæххы, фосдарыны, уалдзæджы куыстытимæ. Ныртæккæ йæ нал кæнынц.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. III том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Ленинград, 1979.