Йокодзунæ
Йокодзунæ (яп. 横綱, [jo̞ko̞d͡zɯᵝnaꜜ]) — уæлдæр къæпхæн, титул сумойы хъæбысæйхæсты. Ныхасæй-ныхасмæ нысан кæны «горизонталон бæндæн», æмæ цæуы сæ рæнхъы ’ппæты уынгæ символæй — с’ астæуыл цы бæндæн (цунæ) ис, уый нысанæй.
Бæндæн у сименавæйы хуызон, кæцыйы-иу бастой Синтойы дзуæртты алыварс, æмæ сименавæйау, у й’ арæнты сыгъдæг кæнын æмæ хизыны сæраппонд.