Сумо (яп. 相撲 Sumō) у япойнаг хъæбысхæсты хуыз. Япойнæгтæ сумойы нымайынц уæздан хæстон дæсниадыл.

Япойнаг сумойы хъæбысæйхæцджытæ

Сумойы уагæвæрд ивын

Сумойы хъæбысæйхæцджытæ (рикиси) хæцынц тымбыл бынаты æмæ цын ис дууæ сæйрагдæр уагæвæрды: йæ фады йеддæмæ æндæр буаруæнгæй зæххыл чи аныдзæва, кæнæ та хæцæн фæзы æдде фыццаг чи аныдзæва зæххыл, уый фæхæрды вæййы.

Сумо Ирыстоны ивын

Цæгат Ирыстоны хъæбысæйхæцджытæ дæр сумойæ хæцынц. Уыдонæй тæккæ зындгонд систы Хъæдгæронæй рацæугæ æфсымæртæ Борадзаты Сослан æмæ Борадзаты Батырадз. Уыдоны йеддæмæ Уæрæсейæ рикиситæ нæй (2005-æм азы уавæрмæ гæсгæ).

Борадзаты æфсымæрты йеддæмæ сумойæ хæцы æндæр ирон богъал — Гаглойты Сослан (йæ фæсномыг Ваканохо).