Кабала (сахар)
Кабала́ (Кабалака, Кабалак, ал-Хазар, Хазаран; сом. Կապաղակ; рагон грекъ. Χαβαλα) — рагон сахар æмæ Кавказаг Албанийы фыццаг сæйраг сахар (VI æнусы онг), стыр базарадон центр XV æнусы онг[1].
Рагон сахар | |
Кабала | |
---|---|
40°53′23″ с. ш. 47°42′56″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Кавказаг Албани |
Истори æмæ географи | |
Раздæры нæмттæ | Кабалака, Кабалак, Хабала, Хазар |
Сахатон таг | UTC+04:00[d] |
|
|
Викикъæбицы медиа |
Истори
ивынФыццаг хатт Кабалакайы кой скодтой фыссæн ратæдзæнты I æнусы дыккаг æмбисы, растдæр Плини Хистæры «Æрдзон историйы». Сахар «Хабалайы» тыххæй фыссы Птолемей йæ «Географион разамынады» II æнусы. Рагон Кабалайы базарадон бастдзинæдтæ уыдысты уæрæх, сахар хаудис Кавказаг Албанийы иуыл стырдæр центртæм [2]. 330-æм 462-æм азмæ ам уыд албайнаг алчеры кафедрæ.
Сахары территори конд уыд дыууæ хаййæ, хицæн кодтой уæрмтæй. Цæгаты ’рдыгæй уыд «Сельбир», хуссары та «Кала». Историк Ю. Джафаровы хъуыдымæ гæсгæ ном «Сельбир» æвæццæгæн конд у сабирæй (савир)[3].
Кабалайы тасы æппæрстой гуннаг знæмтæ, савиртæ æмæ хазарты арæх бабырстытæ. Хазартæ бацахстой Кабала VII æнусы æмæ дзы цыдæр рæстæгмæ сарæзтой сæ административон центр.
X æнусы Кабалайы паддзах уыдис Анбаса ал-А’вар. В. Минорскимæ гæсгæ, «Гæнæн ис æмæ Анбаса уыд исты албайнаг-сомихаг бинонты байзæддаг»[4]. Уый фæстæ хицауиуæг сси йæ фырт Абд ал-Барра. 981-æм азы йын Ширваншах Мухаммед ибн Ахмад байста сахар[4].
XVI æнусы Кабала фехæлдæуыд Сефевидтæй. Кабалайы калддзæгтæ сты Азербайджаны.
Э. Керимов дзуры, æмæ XVII æнусы сомихæгтæ ахстой Кабалайы цæрæгады фылдæр хай.
Къæхтытæ
ивынРагон Кабалайы археологон къæхтытæ райдыдтой XIX æнусы æмбисæй (А. Яновский, Д. Шарифов, Р. Эфендиев, И. Джафарзаде)[2].
Кабалайы ссардтой Азербайджаны фыццаг уæлхæдзары æмбæрзæндур антикон заманæй. Ноджы ма дзы ссардтой антикон дугæй керамикон къусты къæрттæ.
Галерей
ивын-
Рагон Кабалайы фидары къулты калддзæг.
-
Рагон Кабалайы къæхтытæ.
-
Рагон Кабалайы къæхтытæ. Керамикæйы къæрттæ.
-
Рагон Кабалайы къæхтытæ.
-
Рагон Кабалайы къæхтытæ.
-
Рагон Кабалайы къæхтытæ.
-
Рагон Кабалайы къæхтытæ.
-
Рагон Кабалайы къæхтытæ. Керамикон къусты къæрттæ.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ С. Юшков/ К вопросу о границах древней Албании / Издательство Академии наук СССР, 1937г. — фарс 116
- ↑ 2,0 2,1 Кавказская Албания (IV—VII вв.), Tофик Мамедов, Баку, «Маариф», 1993 г.(недоступная ссылка). Датæ: 2008-æм азы 7 августы. Архив 2008-æм азы 20 июлы.
- ↑ Ю. Джафаров/ Гунны и Азербайджан / Азербайджанское государственное издательство, 1993г. — фарс 45
- ↑ 4,0 4,1 В. Минорский / История Ширвана и Дербенда / Восточная литература, 1963 г. — фарс 116Оригиналон текст(уырыс.)Имя правителя Кабалы было Анбаса ал-А'вар — “Одноглазый Лев” (Лео, Левон?). Арабская форма его имени, конечно, не доказательство его арабского происхождения, так как большинство христианской знати того времени принимало арабские имена, личные и по отцу, которые едва ли точно следовали их настоящим именам. Таким образом, Анбаса мог быть отпрыском какой-нибудь албано-армянской семьи. Наш источник продолжает его родословную на одну ступень, когда сообщает, что в 371г.х./981 Ширваншах Мухаммад б. Ахмад отнял Кабалу у Абд ал-Барра, сына Анбасы Одноглазого