Калоты Хазби

ирон поэт

Калоты Алыксандры фырт Хазби (райгуырдис 1921-æм азы, Байыкомы, Захъхъайы — амардис 1943 азы 8 июлы хæсты быдыры) уыдис ирон поэт, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг.

Калоты Хазби
Калоты Хазби 1942-æм азы
Калоты Хазби 1942-æм азы
Райгуырды датæ 1921-æм азы 15 августы(1921-08-15)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1943-æм азы 8 июлы(1943-07-08) (21 азы)
Мæлæты бынат
Архайды хуыз поэт

Цардафыст ивын

1922-æм азы Захъхъагомы цæрджытæ лидзын райдыдтой быдырмæ, æрбынат кодтой, ныртæккæ Къостайыхъæу кæм ис, уым. Уыдонимæ ралыгъдис Хазбийы фыд дæр.[1]

1934-æм азы Хазби каст фæци Къостайыхъæуы авдазон скъола æмæ ахуыр кæнын райдыдта рабфачы.

1938-æм азæй ахуыр кодта Тбилисы паддзахадон университеты уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы факультеты. Иу семестры фæстæ раивта Цæгат Ирыстоны педагогон институтмæ (ныр ЦИПУ). Фæстаг курсы ахуыр куы кодта, райдыдта хæст, æмæ Калойы-фырт 1941 азы августы ацыдис æфсадмæ. Ахуыр кодта танкистон скъолайы Сталинграды цур, сси кæстæр лейтенант, уырдыгæй 1942 азы октябры ацыд фронтмæ куыд танк Т-34-ы командир. Хъæбатырæй фæмардис 1943 азы 8 июлы.

Йæ поэзийы сæйраг темæтæ уыдысты хæстон лирикæ, сагъæсты лирикæ, интимон лирикæ, хур, уалдзæг æмæ зæххы темæтæ.

Калоты Хазбийы уацмыстæ мыхуыры цæуын байдыдтой ирон газеттæ æмæ журналты 1936 азæй фæстæмæ. 1956 азы Цæгат Ирыстоны чиныгуадзæны хицæнæй рацыдысты Хазбийы фыстытæ, чиныджы ном хуынди «Хуры тын». Йæ уацмысты тæккæ æххæстдæр æмбырдгонд джиппы уагъд æрцыди 1976 азы — ис дзы æмдзæвгæтæ, фыстæдæытæ, пьесæтæ.

Мыггаг ивын

Хазбийы æфсымæр Барис сси зындгонд этнограф æмæ кавказзонæг, бирæ азты куыста Мæскуыйы Этнографийы институты.

Литературæ ивын

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Калоты X. Уацмыстæ. Орджоникидзе, «Ир», 1976. 232 ф.