Кард
Кард (ном равзæрд мивдисæгæй кæрдын) у кæрдæн инструмент æмæ цыргъаг хæцæнгарз. Йæ кусæн хай у цыргъ ком, хъæбæр буаргъæдæй конд. Ком вæййы иурдыгæй цыргъ кæнæ та дыууæрдыгæй цыргъ.
Адæймагады историйы кард кæддæридæр ахсджиаг уыдис; сæрмагонд куысты автор Ричард Бёртон зæгъы: «Адæймагады истори у карды истори»[1].
Венгриаг æвзаджы дæр уыцы мигæнæн хуыйны кард. Иртасджытæ куыд фæзæгъынц, рагон венгриæгтæ байстой ацы дзырд алайнаг æвзагæй.
Æфсæн хæцæнгарзы фæзындæй æфсæн кард сси уæлахизхæссæг. Уымæ гæсгæ сси æппæты зынаргъдæр хæзна, йæ хъомысы уыдтой магион тых æмæ сакралон мидис. Скифтæ ард хордтой æмæ карз сомы кодтой кардæй. Скиф Тохсары фырт зæгъы: «Ард дын хæрын Дымгæ æмæ Кардæй...»[2]. Лукианмæ гæсгæ, скифтæн Дымгæ æмæ Кард уыдысты хуыцæуттæ[3].
Кæс хъама дæр.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Бёртон Ричард Ф. Книга мечей. М.: Центрполиграф, 2004, 6 ф.
- ↑ Лукиан. Токсарид, 38
- ↑ Ууыл фылдæр кæс Джыккайты Шамилы мифологон этюд «Кард» (кард эпосы æмæ астæузаманы культурæйы)