Скифтæ
Скифтæ (рагон грекъ. Σκύθαι) уыдысты ирайнаг æвзагыл дзурæг цæугæцардгæнæг знæмтæ, ирон адæмы рагон фыдæлтæ. Дзырдтой ирайнаг скифаг æвзагыл.
Скифтæ æрбынат кодтой ныры хуссар Уæрæсейы æмæ Украинæйы быдырты.
Культурæ
ивынСкифтæ уыдысты хæстмондаг адæм, æмæ æфситæ сæ царды хай у, уый. Саргъ æмæ æгъдæнцæйттæй фыццаг пайда кæнын чи райдыдта, уыдоны ’хсæн уыдысты скифтæ дæр. Скифаг хæстон нæлгоймаг-иу куы амард, уæд-иу ын йæ æфсады дæр амардтой æмæ-иу æй стыр кадимæ баныгæдтой йе ’ппæт фæлыстимæ. Паддзах-иу куы амард, уæд-иу скифтæ кодтой стыр кусæрттæ, æмæ-иу уыцы фыдохы бонты сæ туг рауагътой æмæ-иу сæ сæртæ ныддастой. Скифтæ сæ фæстæ ныууагътой мингай обæуттæ (ингæнтæ). Обæутты цы бирæ аивгæнæнтæ ссардтой, уыдон æвдисынц скифты æрвылбоны цард.
Историк Геродот куыд фыссы, афтæмæй скифтæм уыд тынг æгъатыр æгъдæуттæ, зæгъæм, се знæгты сæргæхцытæй-иу сæхицæн скодтой нуазæн къустæ.
Поэт Анакреонт фыццаг скифты сæн нуазын тыххæй фыста:
ἄγε δηὖτε μηκέτ' οὕτω (Æрцæут æмæ ногæй та [сæны къус] æркæны)
πατάγωι τε κἀλαλητῶι (Фæлæ ацы хатт, цæй уæдæ мах дæр нуазут нæ сæн)
Σκυθικὴν πόσιν παρ' οἴνωι (уыцы скифты хуызæн, уый нæ кæнæм)
μελετῶμεν, ἀλλὰ καλοῖς (Хъæрæй ныхас)
ὑποπίνοντες ἐν ὕμνοις.