Фонсека Амадор, Карлос

(Карлос Фонсека-æй æрвыст)

Карлос Фонсека Амадор (исп. Carlos Fonseca Amador; 1936-æм азы 23 июны1976-æм азы 7 ноябры) уыд никарагуæйаг революционер, «Национ Ссæрибары Сандинистон Фронты» бындурæвæрджытæй иу, профессор, революцион змæлды теоретик.

Карлос Фонсека Амадор
Carlos Fonseca Amador
Райгуырды датæ 1936-æм азы 23 июны(1936-06-23)[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1976-æм азы 8 ноябры(1976-11-08)[1] (40 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Архайды хуыз профессор, политик, фыссæг
Автограф Изображение автографа
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Фонсека райгуырд Матагальпæйы, Никарагуæйы цæгат-ныгуылæны. Йæ фыд, Карлос Фаусто Амадор, уыд бонджын къофигæнджыты мыггагæй. Цалынмæ йæ фырт астæуккаг скъоламæ цæуын байдыдта, нæ базыдта, йæ фыд кæй у, уый. Фонсекайы мад уыдис мæгуыр гæрзтæхсæг сылгоймаг Хустинæ Фонсека (исп. Justina Fonseca), Амадорæй басывæрджын æнæкъайадæй. Карлос Фонсека йæ мады тынг уарзта, уымæн цыт кодта. Кæд æмæ испайнаг традицимæ гæсгæ йæ ном хъуамæ фыстаид Амадор Фонсека (фыды мыггаг, уый фæстæ та мады мыггаг), йæхи фыста æдзух куыд Фонсека Амадор (мады мыггаг фыццаг бынаты).

Леоны университеты куы ахуыр кодта, бацыд Никарагуæйы социалистон партимæ (исп. Partido Socialista Nicargüense); йемæ чи ахуыр кодта, уыдон дæр разæнгард кодта уыцы партимæ бацæуынмæ.

1956 азы 21 сентябры Леоны, кадджын изæры рæстæг, Ригоберто Лопес Перес диктатор Анастасио Сомосайы амарыны фæлвæрд акодта. Ригобертойы уыцы бынаты фехстой, Сомоса та, 1936 азæй бæстæйæн хицауиуæг чи кодта, цалдæр боны фæстæ цæфтæй амард Панамæйы рынчындоны. Фыдракæнды æмархайджыты агуыргæ, Национ Гвардийы службæгæнджытæ æрцæхстой политикон змæлдты фæсивæд. Фонсека дæр, кæд марæджы бынтон нæ зыдта, бахауд ахæстонмæ, фæбадти дзы дыууæ мæйы бæрц.

1976 азы 7 ноябры Карлос Фонсекайы, уæд Сандинистты Фронты генералон секретарь куы уыди, амардтой. Йæ сæр æмæ йæ къухтæ алыг кодтой æмæ Манагуæмæ ’рбаластой, Анастасио Сомосайы (кæстæры) бардзырдмæ гæсгæ. Æртæ азы фæстæ сандинисттæ фæуæлахиз сты, Сомоса та бæстæйæ ралыгъд АИШ-мæ.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,0 1,1 Чешская национальная авторитетная база данных