Карл Марксы цъупп
Карл Марксы цъупп (тадж. Қуллаи Карл Маркс) у Шахдарайы рагъы бæрзонддæр цъупп Таджикистаны (6726 м). Цъуппыл цы цъититæ ис, уыдоны æдæппæт фæзуат у 120 км². Цъуппмæ фыццаг чи схызтысты, уыдысты советон альпинисттæ 1946-æм азы.
Карл Марксы цъупп | |
---|---|
Кæм ис | |
37°09′45″ с. ш. 72°28′54″ в. д.HGЯO | |
Ран | Таджикистан |
Хохы системæ | Памир |
Рагъ | Шахдарайы рагъ |
Характеристикæтæ | |
Цъуппы бæрзæнд | 6726 м |
Фыццаг сцыд | 1946 |
|
Цъуппы раздæры ном уыдис Сабыргæнæг Паддзахы цъупп, Уæрæсейы император Александр III-æмы кадæн. Советон дуджы цъуппæн радтой æндæр ном, коммунизмы теоретик Карл Марксы номыл.
Æддаг æрмæг
ивын- Пик Карла Маркса в БСЭ (уырыс.).