Кастро, Сиприано
Сиприано Кастро Руис (исп. Cipriano Castro Ruiz; 1858-æм азы 12 октябры — 1924-æм азы 4 декабры) уыд Венесуэлæйы хæстон æмæ политикон архайæг, уыцы бæстæйы 37-æм президент (1899—1908). Уый сси фыццаг андаг хохаг, Венесуэлæйы президент чи сси, ахæм. Сиприанойы фæстæ 4 æндæр президенты уыдысты йæ штат Тачирæйæ.
Сиприано Кастро | |
---|---|
Райгуырдис |
1858-æм азы 12 октябры[1][2][…] |
Амардис |
1924-æм азы 4 декабры[1] (66 азы) |
Ныгæныны бынат | |
Сывæллæттæ | Роса Кастро[d] |
Дин | ромаг католик[d] |
Къухæрфыст | |
Хуындад | инæлар |
Викикъæбицы медиа |
Президент сси, уый кæй сæргъы уыдис, уыцы растады (Revolución Liberal Restauradora) фæстиуæгæн. Йе ’фсад Каракасмæ бацыд 1899-æм азы.
1908-æм азмæ Кастро сифилисæй фæрынчын æмæ ацыд Парижмæ, йæхи дзæбæх кæнынмæ. Уыцы рæстæг, Венесуэлæйы кæй ныууагъта йæ хæстæ æххæстгæнæгæй, уыцы Хуан Висенте Гомес йæхæдæг сси паддзахады президент. Кастро баззад æцæгæлон бæстæты, тых фæстæмæ байсынмæ хъавыд, фæлæ йын никуыуал бантыст. Уый фæмард 1924-æм азы сакъадах Пуэрто-Рикойы.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Cipriano Castro // Encyclopædia Britannica (англ.)
- ↑ Cipriano Castro // Брокгаузы энциклопеди (нем.)