Кобылты Константины фырт Сергей (1915—1954) у ирон хæстон архайæг, Советон æфсады дæлбулкъон, Советон Цæдисы Хъæбатыр.

Кобылты Сергей
Райгуырды датæ 1915-æм азы 22 ноябры(1915-11-22)
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1954-æм азы 17 июны(1954-06-17) (38 азы)
Æфсæддон куысты азтæ 19411954
Хуындад дæлбулкъон
Тохтæ Фыдыбæстæйы Стыр хæст
Хорзæхтæ æмæ премитæ
Советон Цæдисы хъæбатыр
Ленины орден Сырх Тырысайы орден

Цардафыст

ивын

Кобылты Сергей райгуырдис Арвыкомы Къобы хъæуы 1915-æм азы 9 ноябры. Дзæуджыхъæуы 30-æм скъолайы 7-æм кълас каст куы фæцис, уæд йæ ахуыр адарддæр кодта Уæлдæфон флоты скъолайы сахар Батайсчы. Уый фæстæ куыста Цхинвал æмæ Сталинграды аэроклубты. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайдта 1941 азы августæй фæстæмæ. Уæдмæ каст фæци куынæггæнæг авиацийы командирты курсытæ. Йæ хæстон архайд райдыдта 160-æм авиацион полчъы. Авиацион къорды дæлхайæдтæ знаджы хæдтæхджытæй хъахъхъæдтой Ростовы æфсæнвæндаг æмæ йæ алыварс цæрæн бынæттæ.

1942 азы июлы Кобылыфырт йæ службæ адарддæр кодта 182-æм авиацион куынæггæнæг полчъы (æфсæддон дæлхайад уыд Цæгаткавказаг фронты сконды). Уæдæй фæстæмæ Сергей хæцыд уыцы æфсæддон дæлхайады, йе ’мслужбæгæнджытимæ хъахъхъæдта æфсæддон æмæ индустриалон объекттæ, куынæг кодта знаджы хæдтæхджытæ. Афтæмæй 1942 азы сентябрмæ Кобылты Сергей 17 уæлдæфон хæсты æрæппæрста 13 немыцаг хæдтæхæджы. ССР Цæдисы Сæйраг Советы Президиумы Указæй 1943 азы 14 февралы хистæр лейтенант Кобылты Сергейæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъæбатыры ном, немыцаг-фашистон лæбурджытимæ тохы цы лæгдзинад æмæ æхсардзинад равдыста, уый тыххæй.

Æдæппæт хæсты азты дæргъы Кобылы-фырт æрæппæрста знаджы 27 хæдтæхæджы.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ йæ службæ адарддæр кодта Æфсæддон-уæлдæфон тыхты, разамынд лæвæрдта авиацион полкъæн. Авиацийы дæлбулкъон Кобылты Сергей æвирхъауæй фæмард 1954 азы 17 июны, ног реактивон хæдтæхæг фæлваргæйæ.[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Хъæбатыртæн мæлæт нæй: Кобылты Сергейы уынг – Ростовы // Рæстдзинад № 45 (26018) 2024 азы 16 мартъи