Козатæ
Хъæуты тыххæй кæс Козатæ (хъæу).
РавзæрдИвын
Фыццаг цардысты Æрхоны. Уырдыгæй сæ иу хай зæххы фæдыл æрбафтыд Зруггоммæ æмæ æрæнцадысты комы хуссарварс. Зруджы Козатæй цалдæр æфсымæры ахызтысты Хуссармæ æмæ Хъемултайы комы Машхарайы хъæуы æрцардысты. Иннæ къорд æрцардысты Джоджорайы доны былыл Гулианты хъæуы. Хуссар Иры цы Козатæ цæры, уыдоны фыдæлтæ уыдысты Зруджы Козатæ.[1]
Зынгæ мыггагхæсджытæИвын
- Козаты Исидор (1929—1986) — зынгæ ирон фыссæг.
- Козаты Шалико (1918) — Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хайадисæг.
ФиппаинæгтæИвын
- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.