Коммунæ (Франц)
Коммунæ (фр. commune, равзæрди латинаг communia-йæ — иумæйагдзинад) у Францы тæккæ бинагдæр структурон æмвæзады (Париж, Марсель æмæ Лионы коммунæтæй фæстæмæ) административон-территориалон иуæг.
Коммунæтæ кæрæдзийæ хъауджы кæнынц сæ цæрджыты бæрцмæ гæсгæ. Зæгъæм, коммунæтæ сты куыд бирæмилуанон Париж, афтæ, дæс адæймаджы йеддæмæ кæм нæ цæры, ахæм хъæу.
Стыр францаг революцийы агъоммæ коммунæтæ нæ уыди. Сæ функциты иу хай æххæст кодтой аргъуаны приходтæ (æдæппæтæй уыдысты 60000 бæрц).
2004-æм азы райдианмæ Францы уыди 36782 коммунæйы, уыдонимæ 36568 — метрополийы æмæ 214 — фæсденджызы территоритыл.
Метрополийы коммунæйы рæстæмбис фæзуат у 14,88 кв. км.
Алы коммунæйы ис мэр æмæ муниципалон уынаффæдон.