Коперник, Николай
Николай Коперник (пол. Mikołaj Kopernik, нем. Niklas Koppernigk, лат. Nicolaus Copernicus; 1473-æм азы 19 февралы — 1543-æм азы 24 майы) уыдис Сæндидзæны математик æмæ астроном, дун-дунейæн йæ астæу Зæхх нæ, фæлæ Хур кæм ис, дунейы ахæм гелиоцентрион модель чи сарæзта, уый. Ацы модель равдыста йæ чиныг De revolutionibus orbium coelestium-ы. Мыхуыры куы рацыдис, уæд афæлдæхта дун-дунейы арæзты раздæры цæстæнгас. Йе руаджы зонады уыдис фыццаг зонадон революци.
Николай Коперник | |
---|---|
Гуырæн ном | астæу.-дæлл.-нем. Niklas Koppernigk |
Райгуырды датæ | 1473-æм азы 19 февралы[1][2] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1543-æм азы 24 майы[1][2] (70 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | астрономи, математикæ, механикæ[d] æмæ экономикæ[d] |
Куысты бынат | |
Альма-матер | |
Зонадон разамонæг | Доменико Новара[d][9] æмæ Леонард фон Добшютц[d] |
Ахуыргæнинæгтæ | Георг Иоахим фон Ретик[d] |
Хорзæхтæ æмæ премитæ | |
Къухфыст | |
Викикъæбицы медиа |
Коперник райгуырдис æмæ амардис Пруссийы. Уæды рæстæджы (1466-æм азæй) уыцы бæстæ уыдис Польшæйы къаролады провинци. Коперник уыдис полиглот æмæ полимат — физик, антикон дуг иртасæг, тæлмацгæнæг, дипломат æмæ экономист, уыдис ын каноникон барады докторы ном.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Berry A. A Short History of Astronomy (брит. англ.) — London: John Murray, 1898.
- ↑ 2,0 2,1 Архив по истории математики Мактьютор — 1994.
- ↑ 3,0 3,1 Коперник Николай // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
- ↑ Your pictures: Poland (брит. англ.) — 2012.
- ↑ De revolutionibus orbium coelestium (англ.)
- ↑ http://www.historyorb.com/people/nicolaus-copernicus
- ↑ http://copernicus.torun.pl/en/biography/1491-1495/2/
- ↑ PubMed (англ.) — 1997. — PMID:21614776
- ↑ Математикон генеалоги (уырыс.) — 1997.