Кучиты Юрий
Кучиты Сергейы фырт Юрий (райгуырдис 1919-æм азы 26 августы, Тибы — амардис 2005-æм азы 14 декабры, Бетъырбухы) — атомон науты капитантæй, Цæгат полюсмæ чи бахæццæ ис, фыццаг ахæм.
Кучиты Юрий | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1919-æм азы 26 августы |
Райгуырæны бынат |
|
Мæлæты датæ | 2005-æм азы 14 декабры (86 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Архайды хуыз | бæлццон-иртасæг |
Хорзæхтæ æмæ премитæ |
Цардафыст
ивынЮрий райгуырдис Цæгат Ирыстоны, Тибы хъæуы. Ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы 27-æм астæуккаг скъолайы. Каст æй фæцис 1938-æм азы иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ.
1941-æм азы райдыдта кусын Диксоны порты, буксир «Василий Молоков»-ы матросæй. 1944-æм азы каст фæцис штурманты курсытæ, 1963-æм азы фæсаууонмæ та — С.О. Макаровы номыл Ленинграды уæлдæр инженерон денджызон училище.
1944–1962-æм азты Кучийы-фырт уыдис ихсæтджытæ «Ермак», «Малыгин», «Сибиряков», «Илья Муромец», «Красины» капитанты хæдивæгæй.
1962–1971-æм азты — ихсæтджытæ «Мурманск» æмæ «Киевы» капитан; атомон ихсæттæг «Ленины» капитаны дублер, 1964-æм азæй уыдис уыцы науы капитан.
1971-æм азæй Кучийы-фырт уыдис атомон ихсæттæг «Арктикæйы» капитан. 1977-æм азы 17 августы атомон ихсæттæг «Арктикæ» дунейы уæлдондзог фæрæзты ’хсæн фыццаг ахæм, Цæгат полюсмæ чи бахæццæ ис.
1997-æм азы Кучийы-фырт рацыдис пенсимæ, цардис Бетъырбухы.
Кучиты Юрийы ныстуанмæ гæсгæ йæхи æмæ йæ бинойнаджы (амардис 1999-æм азы) мард буæртты æртхутæг кадджын уавæры ныддардæуыд Цæгат полюсмæ хæстæг денджызы дымгæмæ. Йæ ныстуан сæххæст кодтой атомон ихсæттæг «Ямалы» командæ 2006-æм азы 19 августы[1].
Хæрзиуæджытæ
ивын- Социалистон Фæллойы Хъæбатыр,
- Ленины орден,
- Фæллойы Сырх Тырысайы орден,
- Майдан «За трудовое отличие»,
- Майдан «За оборону Советского Заполярья»,
- Майдан «За победу над Германией»,
- Майдан «300 лет Российскому флоту»,
- Дзæуджыхъæуы кадджын гражданины ном,
æмæ æндæртæ.
Йæ ном мысынæн
ивынКучиты Юрийы ном хæссы Дзæуджыхъæуы 27-æм астæуккаг скъола.
Литературæ
ивын- Гудиев Г. Курс Норд: [очерк о Ю. Кучиеве]//Гудиев Г. Вершины. С. 59—62.
- Конецкий В. Вчерашние заботы: путевые дневники: [о капитане атомохода «Арктика» Ю. С. Кучиеве и его двоюродном брате капитане Хетагурове]//Конецкий В.В. В сугубо внутренних водах: повести. М. 1983. С. 235–590.
- Кучиев Ю.С. (1919–2005) Капитан атомохода «Арктика»: некролог//Сев. Осетия. 2005. 17 дек.
- Шанаев В.Ф. Арктический джигит. Орджоникидзе. 1979. 112 с.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Archive copy(недоступная ссылка). Датæ: 2011-æм азы 11 октябры. Архив 2012-æм азы 29 январы.