Къостантæ (уырыс. Костановы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд ивын

Къостантæ Дзинагъайы хъæумæ æрбафтыдысты Туалгомæй, Хели, зæгъгæ, уыцы хъæуæй. Се ’рвадæлтыл нымайынц Доныфарсы цæрæг Дзираты мыггаджы. 1886 азы Къостанты мыггагæй Дзинагъайы цард æд бинонтæ Чермены фырт Абрен. Абрен уыд Къостаны фæстæ Дзинагъайы цæрæг Къостанты фыд.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.