«Къостаоба» (гуырдз. კოსტაობა) у Хетæгкаты Къостайы бæрæгбон Къахеты (Гуырдзыстоны). Бæрæгбоны раздæр хуыдтой «Къостаоба», фæлæ йæ фæстаг азты хонын райдыдтой Къостайы бонтæ.

Истори

ивын

50-æм азтæй Ирыстоны, стæй Гуырдзыстоны районты цæрæг ирон адæммæ традици сси Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бон стыр бæрæгбоны хуызы нысан кæнын. Ацы æгъдау фыццаг кæнын райдыдтой Лагодехы районы Сывылдзджыны хъæуы 1950-æм азты, уыйфæстæ ног бæрæгбон аразыны фæтк айстой районы иннæ ирон хъæутæ дæр (Арешперан, Пона) æмæ йæ кæнын байдыдтой 15 октябрмæ æввахсдæр сабаты.

Литературæ

ивын
  • Цыбырты Л. Ирон адæмон бæрæгбонтæ. — Дзæуджыхъæу: Аланыстон, 1998 — 256 ф.

Æддаг æрмæг

ивын