Арешперан
Арешперан (гуырдз. არეშფერანი) у хъæу Гуырдзыстоны, Къахеты, Лагодехы районы. Ис Алазаны дæлвæзы, Арешы доны рахиз былгæрон, 25 км Лагодехæй.
Хъæу | |
Арешперан | |
---|---|
гуырдз. არეშფერანი | |
41°50′05″ с. ш. 46°01′38″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Гуырдзыстон |
Регион | Къахет |
Муниципалитет | Лагодехы муниципалитет |
Истори æмæ географи | |
Центры бæрзæнд | 260 м |
Сахатон таг | UTC+4:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | 278[1] адæймаджы (2014) |
Национ сконд |
гуырдзы (69,8 %) ир (28,4 %)[2] |
Цифрон идентификатортæ | |
Телефонон код | +995 |
|
|
Викикъæбицы медиа |
Истори
ивынИрон адæмы фыццаг фæлтæр Арешпераны хъæумæ æрцыди ссæдзæм æнусы райдайæны — 1901 азы.[3] Уыдон уыдысты Æлбортæ, Гæджитæ, Багатæ, Тедетæ, Лалытæ, Жажитæ, Джусойтæ, Хъæцмæзтæ, Тъуритæ, Къæбултæ, Хъалатæ, Козатæ, Сиукъатæ, Цхуырбатæ, Хæситæ æмæ Къоратæ. Фæстæдæр цæуын райдыдтой иннæ мыггæгтæ дæр.[3]
Хъæу у æртæ[кæцæй ист у?] стыр хайгондæй иугонд: Арешперан йæхæдæг, йæ рахиз къабаз Хошатъиани[кæцæй ист у?] (уым та Сывылдзджын[кæцæй ист у?] сых), йæ иу кæронхай у Елтъура[кæцæй ист у?] (Къехвиани), иннæ кæрон та хуыйны Къакъалиджын [кæцæй ист у?] («æнгузджын»), бирæ стыр æнгуз бæлæстæ дзы кæй зайы чысыл къохгондæй, уымæн. Урдыгæй-иу райдыдтой фос хизæн быдыртæ, цъус фалдæр уыдис дзы фермæтæ дæр Советон рæстæджы. Къакъалиджыны ма, æнгузджын къохы, æрвыстой Ирыстонæй ныххæссгæ бæрæгбон — Чъециаг [кæцæй ист у?], кæцымæ-иу æрцыдысты æндæр æмæ дард ирон хъæуты цæрджытæ. Уыдис-иу дзы гуырдзийæгтæ дæр. Арешперайнæгтæ-иу рæдау фысымтæ уыдысты се ’ндæрхъæуккаг ирон адæмæн, лæггад-иу кодтой кæрæдзийæн, уымæн æмæ-иу арæх не ’мбæлдысты. Уæлдайдæр æмæ сæ уарзон куыст у - цæл кæнын. Цалынмæ-иу уазджыты хорз нæ федтой торневых хъыбылтæй æмæ сæнæй, уæдмæ йæ хæдзарæ ничи ауагътаид. Уыдис-иу дзы цырен хæбысæйхæсты ерыстæ, кæцыйы рамбулын нымадтой тынг сгуыхтдзинадыл. Уæлахиздзауы кой-иу хъуыст æнæхъæн аз, суанг иннæ Чъециагмæ.[кæцæй ист у?]
Уымæй уæлдай ма дзы сеппæты хъæутæн уыди иунæг скъола, Хетæгкаты Къостайы номыл, æмæ ма йын бæрзон цырт дæр скъолайы кæрты лæууыди. Нæуæдзæм æзты, змæстытæ куы райдыдтой, уæд æй гуырдзыйы фыдзæндтæ срæмыгътой. Саакашвили ма йæ йе ’мгъуыды уæвгæйæ дыккагæй скæнын кодта, фылдæр хъæлæстæ бамбырд кæнынмæ ирон хъæутæй, фæлæ раздæры хуызон аив нæ уыд уæддæр.[кæцæй ист у?] Скъолайы куыстой уæздан æмæ интеллигентон ахуыргæнджытæ. Дард хъæуты сывæллæттæ-иу автобустыл цыдысты æуцы иунæг скъоламæ дæсгай километртæ дæр.
Ирæтты ныццыды размæ Арешпераны алфæмбылæйтты цардысты лекъ æмæ-иу абырæг митæ кодтой, гуырдзыйы сабыр нæ уагътой.[кæцæй ист у?] Æмæ гуырдзы ирæтты æрцæрын кодтой æумыты, цалдæр ирон хъæутæй кæрæдзимæ æввахс: Пичхисбогири (ფიჩხისბოგირი), Пона (ფონა), Гудзарет (გუჯარეთი), Лапиан (ლაფიანი), Цъицъкъанацер (წიწკანაცერი). Адæм ма хъуыды кодтой Цхуырбаты Дубийы, хъæбатыр лæджы, кæцы ма, дам, хæцыд лекъимæ, дардта ма, дам, цухъхъатæ. Уый уыдаит иу-XX æнусы райдийан, йе та йæ хæдразмæты. Уыдис, дам, хъæд бынат. Адæм фæцагътой бæлæстæ, фæластой бындзæфхæдтæ, сфæзгонд æй кодтой, сахуыр сты сæндæттæ дарын. Уыдысты тынг кусаг.[кæцæй ист у?]
Иу таурæгъмæ гæсгæ, кæддæр æуцы бынæтты ма царди стыр калм, адæмы, дам-иу, æнæхъæнтæй хордта, ахæм дынджыр уыди. ’Мæ дзы разынд иу хъайтар, Тедеты Хоша (Хоса), кæцы йæ ныммардта, йæхи конд чырынхуыз ахсæнмæ басайгæйæ. Хошатъаны номы баззад Хошайы хабар.
Ирон адæм æм æрхастой сæ Ирæй рацæугæ хъæуты нæмттæ дæр æмæ-иу иуæй-иу сыхтæ хуындысты сæ цæрджытæм гæсгæ: Сихиат (Джиоты сых)[кæцæй ист у?], Сиоты сых[кæцæй ист у?] (Джусойты сых уыди, фыды-фырты ном Сиойæ), Æлборты сых (Гæдыты сых æй хуыдтой арæхдæр), Елтъура (Гобозты сых, æнхъæл дæн, æмæ).[кæцæй ист у?]
Къахеты ирон хъæутæ федзæрæг кæнынц. Семæ кæддæры фæрнджын æмæ пæлхъгæнæг Арешперан дæр.[кæцæй ист у?] Паддзахадæй ницыуал размæдзыды хъæппæрис хъуысы. Адæмæн сæ фылдæр ацыдысты Цæгат Ирыстонмæ, бынтон мæгуыртæ ’мæ ма зæрæттæ баззадысты. Ныр дзы паддзахад ирæтты бæсты цæрын кæны ачъарайаг лигъдæтты æмæ гуырдзийæгты, æрцæрынц-иу къапеччытæй æлхæд хæлæдздзаг хæдзæртты.[кæцæй ист у?]
Мыггæгтæ
ивынЦардысты дзы Джиотæ[4], Къоратæ, Лолатæ[4], Хъаратæ[4], Тедетæ[4][5], Багатæ[4], Пухатæ[4], Тъуритæ[5], Цыхуырбатæ[5], Хъæцмæзтæ[5], Джусойтæ[5], Лалытæ[5].
Арешпераны райгуырд номдзыд фыссæг æмæ Цхинвалы университеты кусæг Тедеты Зурабы фырт Герас, Уæрæсейы сгуыхт æмæ бодибилдинджы фыццагдæр богæлттæн сæ иу, Джусойты Уаниайы фырт Ибрагим; йæ хо, фыссæг, Джусойты Майя; журналист æмæ фыссæг уый дæр, «Хурзæрин» кусæг Джусойты Сергийы чызг Нинæ; æмæ ма зæлвидыц къорд «ИР-ИС»-ы зарæггæнæг Къораты Апъалойы чызг Хатуна.[кæцæй ист у?]
Галерей
ивын-
Арешперайнæгтæ цæлгæнгæ
-
Арешпераны бургъа[кæцæй ист у?] (суадон)
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ მოსახლეობის საყოველთაო აღწერა 2014 . საქართველოს სტატისტიკის ეროვნული სამსახური (ნოემბერი 2014). Датæ: 7 ნოემბერი, 2016.
- ↑ Ethnic composition of Georgia 2014
- ↑ 3,0 3,1 Джусойты Нинæ. Ирон фарны артдзæст. Журнал «Мах дуг», 2001 аз, №11, 148-æм фарс
- ↑ 4,0 4,1 4,2 4,3 4,4 4,5 Калоев Б.А. Осетины Восточной Осетии и районов Грузии — Владикавказ: Ир, 2012. 101 с.
- ↑ 5,0 5,1 5,2 5,3 5,4 5,5 Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 273-æм ф.