Къулитæ (уырыс. Кулиевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд ивын

Таурæгъмæ гæсгæ, Къулитæ æмæ Сосрантæ равзæрдысты Цæргæсаты мыггагæй. Мыггæгты фыдæлтæ Къули æмæ Сосран уыдысты Цæргæсаты Цæргæсы фырты фырттæ, цардысты Къуссуйы. Къули æмæ Сосран Куссуйы слæгтæ сты, ракуырдтой устытæ æмæ сæ мыггæгтæ сæхи нæмттыл ныффыстой: Къули — Къулитæ, Сосран — Сосрантæ. Фæстæдæр дыууæ æфсымæры дæр Къуссуйыхъæуæй фæлыгъдысты Æхсæрджынмæ æмæ уым бындуронæй æрцардысты. Бирæтæ сæ фæлыгъдысты быдыры хъæутæм.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.