Къуындыхаты Бечыр
Къуындыхаты Муссæйы фырт Бечыр (тур. Bekir Sami Kunduh; райгуырдис 1864-æм азы Хохы Санибайы — амардис 1932-æм азы) уыди Турчы республикæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты фыццаг министр 1920-æм азы 3-æм майæ 1921-æм азы 8-æм майы онг.
Къуындыхаты Бечыр | |
---|---|
1920-æм азы 3 майы — 1921-æм азы 8 майы | |
Фæстæдæр | Ахмет Мухтар Молаоглы |
Райгуырдис |
1865[1] |
Амардис |
1933-æм азы 16 январы[1] |
Ныгæныны бынат | |
Фыд | Къуындыхаты Муссæ |
Парти | |
Ахуырад | |
Професси | дипломат, политик |
Дин | пысылмон дин |
Викикъæбицы медиа |
Цардафыст
ивынРайгуырдис Хохы Санибайы хъæуы, у Уæрæсейы æмæ Турчы инæлар Къуындыхаты Муссæйы фырттæй иу.[2]
Каст фæци Галатасарайы лицей æмæ политикон зонæдты скъола Парижы.
Куыста Турчы минæварады Уæрæсейы нымæрдарæй, Меджлисы депутатæй.
Ныгæд æрцыд Стамбулы.
Æрвитæнтæ
ивынФиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Bibliothèque nationale de France Bekir Sami Kunduh // идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.
- ↑ Къуындыхаты тыххæй (уырыс.)