Ладогæйы цад кæнæ Ладогæ (уырыс. Ладожское озеро) у Европæйы стырдæр æдзæхх цад. Цады фылдæр хай хауы Уæрæсейы Ленинграды облæстмæ, æндæр хай та — Карелийы Республикæмæ (уый дæр Уæрæсейы сконды).

Ладогæйы цад
уырыс. Ладожское озеро, карел. Luadogu, фин. Laatokka, вепс. Ladoganjärv
Морфометри
Абсолютон бæрзæнд4,84 м
Ас219 × 125 км
Фæзуат17 870 км²
Гуырахст838 км³
Донбылы дæргъ1570 км
Стырдæр арф230 м
Астæуккаг арф46,9 м
Гидрологи
Минерализацийы типæдзæхх 
Цæхджынад0,06 ‰
Рухсхъарындзинад2,3–3,9 м
Бассейн
Бассейн258 600 км²
Æфтæг цæугæдæттæСвирь, Волхов, Вуокса, Сясь, Назия, Морье
Ракæлæг цæугæдонНева
Ран
60°50′34″ с. ш. 31°27′35″ в. д.HGЯO
Бæстæ
Уæрæсейы Федерацийы субъекттæЛенинграды облæст, Карелийы Республикæ
Цæгат-Ныгуылæн федералон зылд
Ладогæйы цад
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Ладогæ æрæмбырд кæны 32 цæугæдоны дон, уымæй та рацæуы æрмæстдæр иу — Нева. Нева æфты Балты денджызмæ.

Цады фæзуат у 17,6 мин км² (æд сакъадæхтæ — 18,1 мин км²); доны бæрцуат — 908 км³; цæгатæй хуссармæ дæргъ — 219 км.

Ладогæйы цадыл арæх сты штормтæ, стыр уылæнтæ. Цыдæриддæр цæугæдойнон науæн Ладогæйыл цæуæн нæй.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Ладогæйы ихыл уыдис, блокадæгонд Ленинград бæстæимæ чи баста, иунæг ахæм фæндаг (кæс Царды фæндаг).

Ладогæйы цады картæ